Æвзæгты номхыгъд дзурджыты нымæцмæ гæсгæ

40 милуан адæймагæй фылдæр кæуыл дзурынц, уыцы æвзæгтæ[1]:

  1. Китайаг (Китай, Тайвань, Малайзи, Индонези, Сингапур, Таиланд, Вьетнам æмæ æндæртæ), 1 212 560 000 адæймаджы.
  2. Араббаг (Мысыр, Алжир, Марокко, Ирак, Судан, Йемен, Сауды Арабб æмæ æнд.), 422 039 637
  3. Хинди (Инди, Хуссар Африкæ, Бангладеш, Йемен, Угандæ), 366 000 000
  4. Англисаг (АИШ, Стыр Британи, Канадæ, Австрали, Хуссар Африкæ, Ног Зеланди, Ирланди æмæ æнд.), 341 000 000
  5. Испайнаг (Мексикæ, Колумби, Аргентинæ, Испани, АИШ, Венесуэлæ, Перу, Чили, Кубæ, Эквадор æмæ æнд.), 322 200 000
  6. Бенгайлаг (Бангладеш, Инди, Араббы Иугонд Эмираттæ, Сауды Арабб), 207 000 000
  7. Португайлаг (Бразили, Португали, Франц, Парагвай, Хуссар Африкæ, АИШ, Инди, Канадæ æмæ æнд.), 176 000 000
  8. Уырыссаг (Уæрæсе, Украинæ, Хъазахстан, Узбекистан, Хъиргъиз, Белорусси, Латви, Молдави, Азербайджан, Эстони, Израиль, Гуырдзыстон, Герман æмæ æнд.), 167 000 000
  9. Япойнаг (Япон, АИШ, Бразили, Перу æмæ æнд.), 125 000 000
  10. Немыцаг (Герман, Австри, АИШ, Бразили, Польшæ, Хъазахстан, Уæрæсе, Канадæ, Аргентинæ æмæ æнд.), 100 130 000
  11. Францаг (Франц, Канадæ, Бельги, АИШ, Швейцари, Алжир, Итали æмæ æнд.), 78 000 000
  12. Корейаг (Хуссар Корей, КАДР, Китай, АИШ, Япон, Узбекистан æмæ æнд.), 78 000 000
  13. Явæйаг (Индонези, Малайзи, Суринам, Нидерландтæ æмæ æнд.), 75 567 550
  14. Телугу (Инди, Малайзи, Фиджи, Сингапур), 69 666 000
  15. Маратхи (Инди), 68 022 000
  16. Вьетнамаг (Вьетнам, АИШ, Камбоджæ, Норвеги, Лаос æмæ æнд.), 68 000 000
  17. Тамилаг (Инди, Шри-Ланка, Малайзи, Хуссар Африкæ æмæ æнд.), 66 000 000
  18. Италиаг (Итали, Аргентинæ, Франц, АИШ, Канадæ æмæ æнд.), 62 000 000
  19. Туркаг (Турк, Герман, Болгари, Македони, Узбекистан, Нидерландтæ, Кипр, Румыни æмæ æнд.), 61 000 000
  20. Урду (Инди, Пакистан, Бангладеш æмæ æнд.), 60 290 000
  21. Панджаби (Пакистан, Инди, Канадæ, АИШ æмæ æнд.), 57 129 000
  22. Украинаг (Украинæ, Уæрæсе, Польшæ, Хъазахстан, Молдави, Канадæ, Венгри, Белорусси, АИШ æмæ æнд.), 47 000 000
  23. Гуджарати (Инди, Танзани, Угандæ, Стыр Британи æмæ æнд.), 46 100 000
  24. Тайаг (Таиланд, Сингапур), 46 050 000
  25. Польшæйаг (Польшæ, АИШ, Украинæ, Белорусси, Литва, Герман æмæ æнд.), 44 000 000

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Энциклопеди Encarta-мæ гæсгæ(недоступная ссылка). Датæ: 2007-æм азы 17 ноябры. Архив 2007-æм азы 4 мартъийы.