Æвзагзонынад (æвзагахуырад дæр, лингвистикæ дæр) у, æвзæгтæ чи иртасы, ахæм зонад.

Æвзагзонынадæн йæ иртасинаг у:

  • адæймаджы æвзаг æмткæй; алы æвзаджы дæр цы ис, уый (иумæйаг æвзагзонынад);
  • конкретон æвзæгтæ сæрмагондæй (сæрмагонд æвзагзонынад).

Æвзаг иртасынæн цæттæ нæу, лингвист æвзаджы системæ ныхасы факттæй рацаразы. Ныхасы архайды фæстиуæгæн фæзынынц тексттæ — гъе тексттæ иртасынæй базонæн и æвзаджы структурæ. Иуæй-иу хатт системæйы хицæн хæйттæ сбæлвырд кæнынæн аразынц лингвистикон эксперименттæ дæр.

Æвзагзонынады иртæстытæ ахъаз сты æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ, кæссын-фыссыны зонындзинæдтæ парахат кæнынмæ, дзырдуæттæ æмæ тæлмацгæнæн программæтæ аразынмæ, ног терминтæ æрымысынмæ æмæ афтæ дарддæр.

Къабæзтæ ивын

Иумæйаг æмæ сæрмагонд æвзагзонынады иртæст цæуы æвзагон системæйы алы къæпхæн дæр:

Номдзыд иртасджытæ ивын

Æвзæгты бирæхуызондзинад ивын

Æвзагзонынады сæрмагонд хæйттæ сæ иртасинагмæ гæсгæ дих кæнынц афтæ:

Цардæгас æвзæгтæ ивын

æмæ æндæртæ.

Мард æвзæгтæ ивын

æмæ æндæртæ.