Абхазаг негртæ кæнæ Кавказы негртæ сты абхазаг адæмы чысыл расæ-этникон негроидон къорд. Сæ фылдæр хай цæрынц Кодоры донæфтæны æрбынатгæнæг абхазаг хъæу Адзюбжæйы æмæ уый алфамблай хъæуты (Члоу, Поквеш, Агдарра, Меркула æмæ æнд.)

Равзæрд ивын

Абхазаг негрты равзæрды тыххæй специалисттæм нæй иумæйаг цæстæнгас. Фылдæр историктæм гæсгæ Адзюбжæйы алфамбылай цалдæр хъæуы негртæ æрцардысты XVII æнусы. Иу версимæ гæсгæ уыдон уыдысты, кънйазтæ Шервашидзетæ (Чачба) цитрусон дыргъты плантацитыл кусынæн кæй балхæдтой, уыцы саудзарм цагъартæ.

Зындгонд куыд у, афтæ XIX æнусы æппæт негртæ дзырдтой абхазагау æмæ сæхи хуыдтой абхазæгтæ. Иннæ абхазæгтæ дæр сæ нымадтой сæ адæмы иу хайыл.

Абхазаг негрты æдæппæты нымæц бæлвырдгонд нæу æмæ уый фæдыл ис æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæ: иу хабаргæнджытæм гæсгæ бæстæйы цæры æппынкъаддæр цалдæр негрон бинонтæ, иннæтæм гæсгæ «цалдæр хъæуы».

Бæлвырд зонæнтæ нæй, цы диныл хæст сты, уый тыххæй дæр. Уырнинагдæр уый у, æмæ негртæ хæст сты иу нæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр динтыл — се ’хсæн уыди кæнæ ныр дæр ис куыд чырыстæттæ, афтæ пысылмæттæ æмæ иудейтæ дæр.

Абхазаг негртæ кæнынц цитрусонты, сæнæфсиры, нартхоры куыст, кусынц Ткуарчалы æвзалыкъахæнты, стæй Сухумы куыстуæтты — трикотажгæнæн фабрикæйы, порты æмæ æндæр рæтты. Куыд иннæ абхазæгтæ, афтæ абхазаг негртæ дæр дзурынц уырыссаг æвзагыл дæр. Сæ фылдæр хай æрцыд метисизацигонд, бирæтæ фæлыгъдысты Кодорæй Абхазы æндæр районтæм, сыхаг Гуырдзыстон æмæ Уæрæсемæ, стæй дард фæсарæнтæм.