«Америкæйаг баба!» (англ. American Dad!) у америкæйаг комедион мультсериал, Underdog Productions æмæ Fuzzy Door Productions-æй рауадзгæ 20th Century Fox-ы заказæй.

«Америкæаг баба!» у америкæйаг бинонты цардæвдисæн сатирикон мултипликацион сериалы ирд минæвар. Сюжет райхæлы Смит-бинонты алыварс, кæдон сты цыппарæй, уымæй уæлдай ма иу дзурæг кæсаджы æмæ æрцæуæгæй.

«Хуссар Паркау», ацы сериал дæр йæ мидгаст здахы алыхуызон хицæндзинæдтæм поп-культурæйы, политикæйы, дины æмæ ма æхсæнады кæцыфæнды арæх æмбæлæг темæтæм. Сериалы арæх хъуысынц рæхойныхæстæ нырыккон æхсæнадыл æмтгæй æмæ юмор, кæцы æвдисы америкæйаг æхсæнад хицæнæй.

Фыццаг пилотон рауагъд суæвыд АИШ-ы 2005 азы 6 февралы, Fox каналыл, 1 майæ та регулардзыд кæнын райдыдта тæккæ дæр «Гриффинты» фæстæ.

Сериалы персонажтæ хицæн кæнынц сæхиформæ логикон хъуыдыйæ. Сæ архæйдтæ та арæхдæр схонæн вæййынц абсурдонтæ. Афтæ ма дзы хайад исынц: анархисттæ, сауджынтæ, феминисткæтæ, хуыцæуттæ, гейтæ, политиктæ.

Ныры онг «Америкæйаг баба!» æххæст кæны 9 сезоны.

Сериалы сæйраг зарæг ивын

Дæ райсом хорз, АИШ
Ис мæм æнкъарæн ’мæ уыдзæни
Тынг рæсугъд бон
Хурæн арвы
Йæ цæсгомыл — худт
Æмæ æрттивы, арфæгæнгæ
Америкæйаг расæйæн
Оххай, цы тынг у йæ зæгъын
Дæ райсом хорз, АИШ