Англофонтæ (англ. Anglophone, гр. англос «англисаг» æмæ фонос «зæл») уæрæх нысаниуæджы сты англисагау дзурджытæ, фыццаджыдæр, англисаг æвзаг мадæлон кæмæн у, уыдон. Англофонты иумæйаг нымæц у 380 милуаны, дыккаг æвзаг нымайгæйæ — 510 милуаны.

Англисаг æвзаг официалон кæнæ паддзахадон кæм у, уыцы бæстæтæ

Канадæйы æхсæнады ацы дзырд пайдагонд цæуы йæ уынгæгдæр нысаниуæджы, æмæ ам нысан кæны, англисаг æвзаг мадæлон кæмæн у, уыцы канадæйæгты. 2001-æм азы Канадæйы цы сфыст уыдис, уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ Канадæйы англофонтæ сты æппæт æмбæстонтæй 59,2%, франкофонтæ — 23,7%, аллофонтæ (ома нæдæр англисаг, нæдæр францаг æвзаг мадæлон кæмæн у, уыдон) — 17,1%.