Апуримак (цæугæдон)

Апури́мак (исп. Río Apurímac), дæлейы ма йæ хонынц Эне, Тамбо, цæугæдон Перуйы, Хуссар Америкæйы. Цæугæдон Укаялийы (Амазонкæйы бассейны) галиу фæрсагдон.

Апуримак
исп. Río Apurímac
Апуримак
Апуримак
Гуырæн Пунæйы уæлвæз Централон Андты
Бассейн Укаяли, Амазонкæ
Дæргъ 1250 км
Бассейны фæзуат 125000 км²
Доны хардз 2900 м³/с

Йæ дæргъ 1250 км. Йæ бассейны фæзуат у 125 мин км2. Гуыры Пунæйы уæлвæзыл астæуккаг Андты, цад Титикакæйы цæгат-ныгуылæны ’рдыгæй, кæлгæ дæр цæгат-ныгуылæны ’рдæм кæны арф уынгæг кæмтты æмæ дих кæны Андты рæгътæ. Дон æм æфты фылдæр уарынтæй. Рæстæмбис нымадæй дзы дон ракæлы 2,9 мин м3/с. Тæккæ фылдæр дон дзы вæййы декабры-февралы. Тынг донкъæсæрджын у æмæ дзы наутæн цæуыны фадат нæй. Цæугæдон Апумиракыл лæууы сахар Пуэрто-Прадо.