Архайæг:Ernác/Сæйраг фарс/Сæйраг фарс-2
- Сæйраг фарсы раздæры верси.
Википеди у сæрибар бирæвзагон энциклопеди. Иронау байгом ис 2005-æм азы 28 февралы, уæдæй нырмæ уый райрæзти 18 355 статьяйы онг. Алкæй бон дæр у Википедийыл архайын: ис дзы амал кæмæнфæндыдæр (ома, дæуæн дæр!) кæцыфæнды статьяйы ивддзинæдтæ кæнын, кæнæ та йæ æххæст кæнын.
Ирон æвзагыл стыр энциклопедитæ фыст никуыма æрцыдис. Гъе уæдæ, иумæ бацархайæм, не ’взаг алцæмæ рæвдз кæй у, уый равдисыныл.12 майы 2024
- 15:1115:11, 12 майы 2024 Кумаси (лог | ивын) [2551 байты] Taamu (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «{{ЦР |Статус = Сахар |Ирон ном = Кумаси |Оригиналон ном = {{lang-en|Kumasi}} |Ныв = |Нывы ном = |Паддзахад = Ганæ |Герб = |Тырыса = |Гербы уæрх = |Тырысайы уæрх = |lat_dir =...»)
- 15:0915:09, 12 майы 2024 Порт-Харкорт (лог | ивын) [2695 байты] Taamu (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «{{ЦР |Статус = Сахар |Ирон ном = Порт-Харкорт |Оригиналон ном = {{lang-en|Port Harcourt}} <br>{{lang-ig|Ugwu Ọcha}} |Ныв = |Нывы ном = |Паддзахад = Нигери |Герб = |Тырыса = |Гербы уæрх = |Т...»)
- 06:4006:40, 12 майы 2024 Вегæ (лог | ивын) [1050 байты] Taamu (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «{{Стъалы | Imagemap = <imagemap> Image:Vega in lyra ru.svg|250px|right rect 130 35 206 78 Вега rect 47 171 78 212 Туманность Кольцо rect 76 0 105 28 Эпсилон Лиры rect 78 158 110 189 Бета Лиры rect 10 176 42 205 Гамма Лиры rect 30 60 72 100 Дельта 2 Лиры rect 216 85 236 114 Каппа Лиры rect 88 46 116 86 Дзета Лиры desc bott...»)
Мæйы бæстæ у Хуссар Ирыстон:
Мæйы темæ æвзæрст не ’рцыд, раздæры темæ уыдис Алани (ФК):
Ног темæ бадæттæн æмæ фæдылдзог мæйы темæтæм хъæлæс кæнæн ис сæрмагонд фарсыл »»» |
Ирыстоны хъæутæ æмæ сахартæАлагир – Æрыдон – Æхсæрисæр – Беслæн – Брут — Джызæл – Дзау – Дзæуджыхъæу – Дзуарыхъæу – Донифарс – Заманхъул – Зилгæ – Змейкæ – Знауыр – Елхот – Иран – Ног Бæтæхъойыхъæу – Къуайса – Лескен – Майрæмадаг – Мæздæг – Нар – Октябрыхъæу – Ставд Дуртæ – Тарскæй – Толдзгун – Фæснæл – Хæрисджын — Хъæдгæрон – Црау – Цхинвал — Цъæй æмæ æндæртæ Ирон Википедийы æппæт категоритæ:
|
Уацы дæнцæгКоцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы. Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл. Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ. Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895-æм азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.). 1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. «Æфсир» æхгæд куы ’рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта). «Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды. Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы. | |
2018-æм азы августы статистикæмæ гæсгæ. Егъау Википедитæ (милуан статьяйæ фылдæр кæм ис): Стырдæр Википедийы хæйттæ (æртæсæдæ мин статьяйæ фылдæр кæм ис): | ||
Фонд Викимедийы æндæр проекттæ Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр: |