Венесуэлæ (исп. Venezuela [be̞ne̞ˈswe̞la]) у паддзахад Хуссар Америкæйы цæгаты, Карибы денджызы былгæрон. Испанийы раздæры колони (1522-æм азæй), Венесуэлæ сси хæдбар паддзахад 1821-æм азы, дæргъвæтин сæрибаргæнæн хæсты фæстиуæгæн.

Боливарон Республикæ Венесуэлæ
República Bolivariana de Venezuela
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Gloria al bravo pueblo»
Официалон æвзаг испайнаг
Сæйраг сахар Каракас
Стырдæр сахартæ Каракас, Маракайбо, Валенси
Хицауиуæджы хуыз Президентон республикæ
Президент Николас Мадуро
Территори
 • Æдæппæт 916 445 км²
 • Доны уæлцъары % 0,3
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 27 730 469 ад.
 • Æнгомад 30,2 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2004) 144 346 млн. долл.
Валютæ Венесуэлæйы боливар (VEB)
Интернет-домен .ve
Код ISO VE
ÆОК-ы код VEN
Телефонон код +58
Сахатон таг -4
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сурзæххыл Венесуэлæйæн ис арæнтæ Бразили, Гайанæ æмæ Колумбиимæ. Паддзахады фæзуат у 916.445 км², цæрынц дзы 26,4 милуан адæймаджы. Венесуэлæйы сæйраг сахар у Каракас. Паддзахадон тырысайы хуызтæ сты бур, арвхуыз æмæ сырх: бур нысан кæны бæстæйы бæркад, арвхуыз нысан кæны æхсар æмæ ныфс, сырх нысан кæны Испанийæ хæдбардзинад.

Ныры Венесуэлæйы цæрджытæй фылдæр цæрынц сахарты (85%). Цæрджыты 73% цæрынц, Карибы денджызæй 100 км дарддæр чи не сты, ахæм цæрæнрæтты бæстæйы цæгаты. Кæд Венесуэлæйы зæххытæй æрдæг у Оринокойы хуссарырдæм, уым бæстæйы цæрджыты айдагъ 5% цæрынц.

Экономикæйы сæйраг къабаз у нефт къахын (экспорты 80%, хицауады æфтиагæй æрдæг). Венесуэлæ сси зындгонд куыд, дунейы асламдæр бензин кæм уæй кæнынц, ахæм паддзахад.

Истори ивын

1863-æм азы, Хуан Крисостомо Фалькон президент куы уыди, Венесуэлæ сси, мæлæтæй æфхæрд йæ закъæттæй бынтондæр чи аиуварс кодта, дунейы фыццаг ахæм паддзахад[1].

Политикæ ивын

Æддаг политикæ ивын

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон ивын

Венесуэлæ сси, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад чи базыдта, ИНО-йы æртыккаг ахæм уæнг (Уæрæсе æмæ Никарагуæйы фæстæ). Хæдбардзинад базоныны тыххæй фехъусын кодта Венесуэлæйы президент Уго Чавес, Мæскуымæ официалон визиты рæстæг 2009-æм азы 10 сентябры[2][3].

Гайанæ Эсекибæ ивын

Венесуэлæ сыхаг паддзахад Гайанæйы фæзуаты фылдæр хай (Гайанæ Эсекибæ) йæхи хоны. Уыцы арæны быцæу баззад XIX æнусæй, Гайанæ ма Стыр Британийы колони куы уыди, уæдæй. Быцæуаг зæххыты фæзуат у 159,5 мин км2. 1970-æм азæй фæстæмæ, Венесуэлæйы цы картæтæ уагъд цæуынц, уыдонæй æппæтыл Гайанæ Эсекибæ æвдыст у куыд Венесуэлæйы штат, иуæй-иу картæтæ хонынц æй Zona en Reclamación (ома, «фæлгъауинаг бæстæ»).

Политикæ ивын

Венесуэлæйы минæварæдтæ ивын

 
Венесуэлæйы дипломатон минæвæрæдтæ
Европæ

Уымæй фылдæр Венесуэлæ у цалдæр æхсæнадæмон организациты уæнг, æмæ йын ис уыцы организациты мидæг йæхи минæвæрттæ.

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын