Грозна

сахар Уæрæсейы

Грозна (цæц. Соьлжа-ГIала: «Сунжæйы сахар», уырыс. Грозный) у Уæрæсейы сахар, Цæцæны Республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 291,7 мин адæймаджы (2017). Сахар лæууы цæугæдон Сунжæйы фæйнæфарс.

Сахар
Грозна
цæц. Соьлжа-ГIала
уырыс. Грозный
Тырыса Герб
Тырыса Герб
43°19′ с. ш. 45°42′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæцæн
Сахары зылд Грозна
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1818
Сахар кæдæй 1869
Фæзуат
  • 324,16 км²[2]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 331 402[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 8712
Посты индекстæ 364000-364099
grozmer.ru
Грозна (Уæрæсе)
Грозна (Цæцæн)
Грозна (Грозна)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори ивын

Сахар райрæзтис, йæ бынаты цы Грознайы фидар уыдис, уыцы ран. Фидарæн та йæ бындур æрæвæрдта инæлар Ермолов 1818-æм азы. Службæ дзы кодтой Лев Толстой æмæ Михаил Лермонтов. 1893-æм азы Грознайы цур райдыдтой нефт къахын, æмæ сахар сси ахсджиаг индустрион центр.

Цæцæны быцæуы рæстæг сахар стыр зиан баййæфта (1994, 1996 æмæ 1999 азты). Ныр та йæ ногæй рацаразынц.

2007-æм азы мартъийæ сахары администрацийы хицау у Муслим Хучиев, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæцæны хайады сæргълæууæг.

2008-æм азы октябры Грознайы байгом Европæйы стырдæр мæзджыт — «Цæцæны зæрдæ». Мæзджыт хæссы президент Ахмат Кадыровы ном. Мæзджыты аразынæн стыр æххуыс кодтой туркæгтæ: йæ къултæ сты туркаг мармæрæй æмбæрзт, мидæгæй дзы ис туркаг фирмæ «Устун Авизе»-йы конд 36 люстрæйы. Мæзджыт цы зæхх ахсы, уымæн йæ фæзуат у 14 гектары.

Æфсымæрон сахартæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

 
Грозна хæсты заман. Михаил Евстафьевы къам