Губерман, Игорь Миронович

Игорь Мироны фырт Губерман (1936 азы 7 июлы, Харьков) у уырыссаг поэт, дзуттаг адæмыхаттæй; популярон ссис йæ афористон æмæ сатирикон цæппаррæнхъонты (гариктæ) фæрцы.

Игорь Миронович Губерман
ивр. איגור גוברמן
Гуырæн ном уырыс. Игорь Миронович Губерман
укр. Ігор Миронович Губерман
Райгуырды датæ 1936-æм азы 7 июлы(1936-07-07)[1] (87 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, диссидент, фыссæг
Уацмысты æвзаг уырыссаг
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Игорь Губерман райгуырдис 1936-æм азы 7 июлы Харьковы сахары. Скъола каст фæуыны фæстæ бацыдис Мæскуыйы бастдзинады фæндæгты паддзахадон университетмæ (уырыс. Московский государственный университет путей сообщения; МИИТ). 1958-æм азы инженер-электричы дипломимæ фæцис каст ацы ахуырдон. Цалдæр азы фæкуыста йæ дæсныйадмæ гæсгæ, æмæ уыциу рæстæг фыста литературон уацмыстæ.

1950-æм азты кæрон базонгæ ис, фыццаг самиздатон журналтæй иу — «Синтаксис» чи мыхуыр кодта, уыцы А. Гинзбургимæ, стæй къорд æндæр сæрибаруарзæг философтæ, литератортæ æмæ нывгæнджытимæ. Уæды заман Губерман фыста зонадон-популярон чингуытæ, фæлæ куыд дарддæр, афтæ фылдæр куыста диссидентон æмдзæвгæтыл. Йæ «æнæофициалон» сфæлдыстады фыссæг пайда кодта фæсномыгтæй (зæгъæм, И. Миронов, Абрам Хайям).

1979-æм азы Губерманы æрцыдис ахст, стæрхон йын чындис ахæстоны фондз азы фæбадын. Бахаудис лагерьмæ. Уым кодта боныджы фыстытæ. Фæстæдæр, хасты уæвгæйæ, литератор ацы боныгты бындурыл ныффыста чиныг «Тезгъотæ барачы алфамбылай» («Прогулки вокруг барака», 1980; мыхуыргонд æрцыдис 1988-æм азы). 1984-æм азы поэт æрыздæхтис Сыбырæй. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы Губерманæн нæ уыдис фадат сахары пропискæ скæнын æмæ ссарын йæхицæн куысты бынат.

1987-æм азы Игорь Губерман афтыдис фæсарæнмæ, 1988-æм азæй фæстæмæ цæры Иерусалимы. Арæх вæййы Уæрæсейы, фæархайы, чиныгкæсджыты ’хсæн популярон чи у, уыцы поэтикон изæрты.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Bibliothèque nationale de France Record #14651434f // BnF catalogue général (фр.)Paris: BnF.
  2. LIBRIS — 2013.