Домбай[1] (лат. Bison bonasus) у бизонты мыггаджы Европæйы æмбæлæг хуыз; хауы дысæфтæгонты къорды тутсыкъаджынты бинонадмæ.

Домбай
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Дæлпаддзахад:
Кладæ:
Дæлкълас:
Кладæ:
Инфрæкълас:
Къорд:
Кладæ:
Инфрæкъорд:
Дæлбинонад:
Трибæ:
Дæлтрибæ:
Мыггаг:
Хуыз:
Домбай
Æхсæнадæмон зонадон ном
Bison bonasus (Linnaeus, 1758)
Синонимтæ
Bos bonasus Linnaeus, 1758

Домбай у америкаг бизоны æнгæсæн, æмæ уымæн æнæкъуылымпыйæ кæнынц гибридизаци. Уый охыл сæ арæх хæссынц иу хуызмæ.

Дзырд ивын

Дзырд домбай ис кавказаг адæмты æвзæгтæй бирæты. Асыйаг (балхъайраг) æмæ хъæрæсейаг æвзæгтыл хъуысы доммай, кæсгонау — домбей, гуырдзиагау — домба (დომბა), свайнагау — домбæй æмæ амоны æрмæстдæр зубр. Сари ныртæккæ дæр стыр æмæ тыхджын богъы хонынц домбай.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
  2. Агънаты Æхсар. Иуæй-иу дзырдты равзæрд. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1993. — С. 60–61.