Донмарæн у, доны цыд чи гæрæн кæны, донуат аразынæн ахæм сæрмагонд амаддзаг. Донмарæн хонынц, дон нæ бауадзынæн цы амаддзæгтæ аразынц, уыдон дæр (Нидерландты денджызы был æмæ æндæр рæтты). Уымæй донмарæнтæ дих кæнынц, дон чи уадзынц æмæ дон чи нæ уадзынц, ахæм дыууæ къордыл.

Донмарæн Суаны (Гуырдзыстон)

Цæугæдæттыл донмарæнтæ аразынц, цæмæй доны цыд контролгонд уа (зæгъæм, къæвдаджын рæстæг дон æмбырд кæны донуаты, донмарæны дæлдæр доны æмвæз æдзухдæр иухуызон вæййы). Донмарæны раз æмæ йæ дæлдæр цы æмвæзты хицæндзинад сæвзæры, уый ахъаззаг у электрон тых кусынæн — донмарæны мидæг кæнæ йæ цуры аразынц гидроэлектростанцæ. Донуаты цы бирæ дон æрæмбырд вæййы, уымæй пайда кæнынц наудзыд нывылдæр кæнынæн стæй, хус регионты, быдыртæм дон уадзынæн дæр.

Дунейы бæрзонддæр у хæххон Таджикистаны Нуречы донмарæн (йæ арæзтад фæци 1980-æм азы). Уымæн йæ бæрзæнд у 300 метры. Нуречы ГЭС цы электрон тых дæтты, уый у æппæт бæстæйæн фаг (домæны 98%).

2005-æм азы Хъазахстаны фæци, йæ дæргъ 13 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæм денджызон донмарæны арæзтад. Кокаралы донмарæн фæиппард кодта Аралы денджызы цæгатаг хай уыцы цæхджын цады æндæр хайæй. Уымæй цæгатаг хай (афтæ хуынд Чысыл Арал) дзæбæх кæнын байдыдта, йæ доны æмвæз фæбæрзонддæр, доны у къаддæр цæхх, фæзынди дзы кæсаг дæр.

Уыимæ кæс ивын

 
донмарæн
 
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Dam