Индийы æвзæгты номхыгъд

Индийы цæрджытæ дзурынц 30 алыхуызон æвзагыл. Уыцы æвзæгтæн та ис 2 мин диалекты бæрц. Индийы конституцийы у фыст, хинди æмæ англисаг æвзæгтæ кæй сты националон хицæуады æвзæгтæ, ома Индийы паддзахадон æвзæгтæ. Уыдон йеддæмæ ис 22 æвзаджы (scheduled languages), кæмæй пайда кæнынц хицæн штатты хицæуæдтæ сæ административон нысантæн.

Индийы æвзæгтæ

Паддзахадон æвзæгтæ ивын

  1. хинди
  2. англисаг

Официалон æвзæгтæ ивын

  1. ассамаг (штат Ассамы официалон æвзаг)
  2. бенгали (Ныгуылæн Бенгали, Трипурæ)
  3. бодо (Ассам)
  4. догри (Джамму æмæ Кашмир)
  5. гуджарати
  6. хинди
  7. каннада (Карнатакæ)
  8. кашмири
  9. конкани (Гоа)
  10. майтхили (Бихар)
  11. малаялам (Керала, Лакшадвип)
  12. манипури (Манипур)
  13. маратхи (Махараштрæ)
  14. непали (Сикким)
  15. орийæ
  16. панджаби (Пенджаб)
  17. санскрит
  18. сантали
  19. синдхи
  20. тамили (Тамилнад)
  21. телугу (Андхра-Прадеш)
  22. урду (Джамму æмæ Кашмир)

Æндæр æвзæгтæ ивын

Официалон статус кæмæн нæй, фæлæ кæуыл 5 милуан адæймаджы фылдæр дзурынц, ахæм æвзæгтæ:

  1. авадхи (хиндийы диалект)
  2. бхили
  3. бходжпури (хиндийы диалект)
  4. бундели (хиндийы диалект)
  5. чхаттисгархи (хиндийы диалект)
  6. гонди
  7. харянви (хиндийы диалект)
  8. хиндустани
  9. канауи (хиндийы диалект)
  10. кодава
  11. кутчи
  12. магахи (хиндийы диалект)
  13. марвари (хиндийы диалект)
  14. тулу