Ираны æфсæнвæндæгтæ

Ираны æфсæнвæндæгтæ (перс. شركت راه آهن جمهوری اسلامی ایران) у Ираны Пысылмон республикæйы æфсæнвæндæгты паддзахадон компани-оператор. Тæфæйдзу фыццаг æфсæнвæндагон хахх Ираны байгом чынди 1914-æм азы сахартæ Тебриз æмæ Джульфайы ’хсæн, Уæрæсейы империйы арæнмæ хæстæг. 1916-æм азы æфсæнвæндаг фæзынди Систаны. Трансирайнаг æфсæнвæндаг кусын райдыдта 1939-æм азы. Уый баиу кодта Къаспы былгæроны порт Торкеман æмæ сахар Шапур (ныртæккæ — Бендер-Хомейни) Персайнаг бакæлæны былгæрон. Уыцы фæндагыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг цыди æххуыс Советон Цæдисмæ ленд-лизмæ гæсгæ.