Кокаралы донмарæн

Кокаралы донмарæн у, Аралы денджызы цæгатаг хай чи фæиппæрд кодта, ахæм ног донмарæн. Уый арæзт æрцыд Хъазахстаны, раздæры сакъадах Кокаралы цур, 2005-æм азы. Донмарæны дæргъ у 13 километры, бæзн та — 150 метры онг.

Аралы денджызы цæгатаг хай 2005-æм азы апрелы (дæлæ) æмæ 2006-æм апрелы (донмарæны аразыны фæстæ, уæлæ)

Кокаралы донмарæны фæрцы цады цæгатаг хай (афтæ хуынд Чысыл Арал) дзæбæх кæнын байдыдта, йæ доны æмвæз фæбæрзонддæр, доны у къаддæр цæхх, фæзынди дзы кæсаг дæр.

Уыцы донмарæны бынаты 1992-æм æмæ 1998-æм азты бынæттон хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты чысылдæр донмарæнтæ. Фæлæ уыдон дыууæ дæр денджыз фехæлдта. Уæд Хъазахстаны хицауад радих кодта æхца фидар донмарæн саразынмæ.