Къодотæ (уырыс. Кодоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Раджы рæстæджы Къодотæ цардысты Уæлладжыры комы Стыр Мызуры фарсмæ Ксурты. Низæй фæцагъды сты, æрмæст ма сæ аирвæзт сæ чындз, Гæлиаты хъæуккаг Битуты чызг — Багъæгуассæ. Чындз рацыд йæ цæгатмæ. Хуыцауæн куывта, цæмæй йын фырт райгуырдаид. Йæ цæгаты дæр адæм низæй цагъды кодтой. Багъæгуассæ æрцарди Цирохсы. Райгуырд ын фырт — Дзаса. Дзаса слæг ис, раскъæфта Охъазты чызджы. Охъазтæ рафæдис кодтой, уæд Багъæгуассæ йæ сæрбæттæн систа æмæ бахатыд, цæмæй йын йæ лæппуйы ма амарой. Охъазтæ фæстæмæ аздæхтысты. Къодотæ фæстæмæ смыггаг сты.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Таурæгъ мыхуыргонд æрцыд газет «Рæстдзинады», 19.12.1990.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 111.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 88.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 304–306.
  • Едзиты А. Къодоты мыггаг // Уæллаг Ходы таурæгътæ. — Мæскуы: СЕМ, 2016. — С. 43–45.