Магатæ (уырыс. Магаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы фыд Мага Къæмунтыхъæумæ æрбафтыд раджы кæддæр Туалты комæй. Сæхицæн æрвадæлтыл нымайынц Секъинаты мыггаджы. Мага Къæмунты йæхицæн хæдзар сарæзта, ус æрхаста, цæуæт ын рацыд æмæ йæ мыггаг йæхи номыл скодта — Магатæй. Магатæй ам бирæтæ халерæйæ амардысты, чи ма сæ баззад, уыдон уыдысты: Бидзи, Ислам, Болат, Ако, Саулæг æмæ Бæза. Уыдоны цæуæт быдыры хъæутæм фæлыгъдысты.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 92.