Малакантæ (уырыс. молокане) сты, растуырнæг еклезийæ чи рахицæн ис, ахæм чырыстон уырнджыты къорд æмæ уырыссаг адæмы этнографион дæлкъорд. Малаканты змæлд сæвзæрди XVIII æнусы Тамбовы алфамбылай хъæуты[1]: уымы зæхкусджытæ базыдтой фыссын-кæсын æмæ, Библийы цы бакастысты, уый сæ дисы бафтыдта — сæ заманы растуырнæг аргъуаны фæткæй афтæ дард сæм фæкастис — æмæ, Библи куыд æмбæрстой, уымæ гæсгæ сæхи дин аразын байдыдтой. Малакайнаг дины зынгæдæр парахатгæнæг уыд Семён Уклеин. Уæрæсейы империйы малакантæ нымад уыдысты тæссаг сектæйыл, æмæ уый тыххæй сæ депортаци кодтой бæстæйы ног арæнтæм хæстæг — Сыбыр, Хуссар Украинæ æмæ Фæскавказмæ. XX æнусы райдиан малаканты нымæц уыд 1,2 милуан адæймаджы[1], уыдонæй фылдæр хай цардысты Фæскавказы (суанг Арараты хуссарырдæм Хъарсы облæсты дæр).

Уырыссаг æрбалидзджытæ Муганы быдыры (нырыккон Азербайджан), XX æнусы райдиан. Прокудин-Горскийы конд къам

Малаканты кæнонтæ ивын

Малакантæ хуыйы фыд нæ хæрынц, карз нозт нæ нуазынц, иконæтæн табу нæ кæнынц, сыгъдæджытæ сæ дин нæ нымайы. Кувынц æрмæст Хуыцаумæ. Малакантæ еклези не сты, фæлæ динон змæлд, — нæй сæм аргъуаны иерархи, сауджынтæ, æппæт кувæн хæдзæрттæн нæй иухуызон фæтк.

Малаканты ахæлиу ивын

Малаканты стыр хъæу уыди Дзæуджыхъæуы сконды, Терчы галиу фарсыл. Ныр дæр адæм уыцы бынат хонынц Малаканкæ (Малаканты сых). Малканкæйы ма ис малаканты кувæн хæдзар, æрæмбырд дзы-иу вæййынц малакайнаг уырнджытæ.

XX æнусы райдиан, Фыццаг дунеон хæсты агъоммæ, мингай малакантæ цæрынмæ ацыдысты Мексикæ æмæ АИШ-ы ныгуылæн былгæронмæ. Ныр дæр Сан-Франциско æмæ Лос-Анджелесы цæрынц малакантæ, ис сæм сæхи кувæн хæдзæрттæ.

Уæрæсейы империйы Хъарсы облæсты цы малакантæ цардысты, уыдон 19211923 азты бахъуыд уыцы ранæй ралидзын, сæ зæхх фæстæмæ Турчы дæлбар кæй бахауд, æмæ уый тыххæй. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыди, уыцы адæмæн æнæсаст зæххыл æрцæрыны бар радта, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты, Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр и, уыцы ранмæ[2] (ныры Целинайы район). Салы быдыры цард æнцон нæ уыди, æмæ, кæмæн ахæм фадат разынд, уыдон æрбалыгъдысты сахартæм, уыимæ Дзæуджыхъæуы Малаканты хъæумæ дæр. Уæддæр Целинайы районы ныр дæр малакантæ цæрынц, ис сæм регистрацигонд дины организацитæ дæр[3].

Гуырдзыстоны малакантæй сæ фылдæр цардысты Къахеты, фæлæ 2009-æм азы райдианы уымы карз уавæрмæ гæсгæ фæнды сæ фæстæмæ Уæрæсемæ ралидзын. Уæрæсейаг хицауад уыдонæн сæ ныфс бавæрдта Краснодары крайы зæххытæй[4][5].

Нырыккон Сомихы цæры 5—10 мины бæрц малакантæ, уыдонæй Ереваны — 2000, Фиолетовойы — 1500, Лермонтовойы — 800, Таширы районы — 400 адæймаджы.

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Стыр Советон энциклопедийы статья «Молокане» (уырыс.)
  2. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 11 мартъийы. Архив 2016-æм азы 20 мартъийы.
  3. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 11 мартъийы. Архив 2019-æм азы 14 мартъийы.
  4. Сегодня.ru
  5. Regions.ru(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 3 мартъийы. Архив 2009-æм азы 1 мартъийы.