Мивдисæг у предметы архайд æвдисæг ныхасы хай. Йæ сæйрагдæр морфологион миниуджытæ сты хуыз, афон, здæхæн æмæ цæсгом. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ арæхдæр вæййы зæгъинаг.