Мира́дж (арабб. الإسراء والمعراج‎‎) у Пехуымпар Мæхæмæты æнахуыр балцы бæрæгбон аргъæутты базырджын цæрæгой Буракыл пысылмон адæмы сæйраг кувæндон Меккæйæ Иерусалиммæ, уырдыгæй та Дунесфæлдисæгмæ.

Пехуымпар Мæхæмæты балц уыд хæрз цыбыр рæстæг, 621 азы раджабы мæйы 27-æмы, æхсæвы. Афтæ цыбыр уыд йæ балц, æмæ ма йæ хуыссæн хъармæй æрæййæфта, фæлæ, Дунесфæлдисæгимæ цы рæстæг аныхас кодта, цæуыл дзырдтой, уый у тынг ахсджиаг. Загъта йын нæуæдз фараст мин ныхасы.

Пехуымпар Мæхæмæты бæрæгбон араббæгтæ хонынц Мирадж, аль-исра-ва-ль-мирадж, Раджаб-байрам. Бæрæгбон вæййы араббаг нымадæй раджабы мæйы дыууын æвдæмы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирон æгъдæуттæ. Агънаты Гæстæн: Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. — Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999, 176 с.