Мыдыбындз, дыгуронау: мудбиндзæ (лат. Apis mellifera) у пайдахæссæг саск, адæймагæн дæтты мыд, мыдадз æмæ æндæр буаргъæдтæ.

Мыдыбындз
Мыдыбындз
Мыдыбындз дидинæгыл кусгæ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Бирæкъахджынтæ
Кълас: Сасчытæ
Къорд: Хæлынбазырджынтæ
Бинонад: Apidae
Мыггаг: Мыдыбындзытæ
Хуыз: Мыдыбындз
Латинаг ном
Apis mellifera Linnaeus, 1758
Ареал
къам
ITIS 154396
NCBI 7460

Мыддарды куыстæн цы стыр нысаниуæг ис хъæууон хæдзарады, ууыл бирæ фыстæуы мыхуыры. Мыд бирæ низты ныхмæ кæй у, уый бæстон æмбæрстгонд у алы адæймагæн дæр. Уый сбæлвырд кодта нæ медицинæ дæр æмæ сиды алы мыдгæс, алы цæрæгмæ дæр, цæмæй стыр хъусдард аздахой ацы ахсджиаг хъуыддаг райтынг кæнынмæ. Æмæ нæ мыдгæстæ дæр фæстаг рæстæджы ноджы егъаудæр хъусдард аздæхтой мыддарды куыст райтынг кæнынмæ æмæ сæ иузæрдион куысты руаджы сæ чыргъæдтæй райсынц дзæвгар мыд.

Гуылтæ ивын

Мыдгæстæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой, зæронд гуылты раивын кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ зымæджы иуæй-иу фæлгæттыл фæзыны рæмпæг дæр, стæй æнæуи дæр ныссау вæййынц æмæ сыл афтæмæй зивæгæй фæбадынц мыдыбындзытæ. Ахæм гуылтæн сæ чыртæ дæр слыстæг вæййынц æмæ сæ уый тыххæй ивын хъæуы æрвылаз дæр.

Цæугæ мыддард ивын

Мыдгæстæй кæй фæнды фылдæр мыд райсын, уый сæ ласынц хуыздæр хизæнуæттæм, æфцæгрæбынтæм, алыгъуызон дидинджытæ парахатæй кæм ис, ахæм ранмæ æмæ мыддарды зынаргъ продукци райсынц фылдæр.