Сервер (англисаг дзырдæй to serve «лæггад кæнын») у сæрмагонд компьютерты хуыз. Сервертæ сты хуымæтæг компьютертæй тыхджындæр, аразынц сæ дæргъвæтин рæстæджы æнæрынцайгæ кусынæн. Сервертыл кусынц сайттæ æмæ æндæр, бирæ адæймæгтæ кæмæй пайда кæнынц, ахæм программæтæ.