Се́утæ (исп. Ceuta [θewta]) у Испанийы автономон сахар æмæ æрдæганклав Африкæйы цæгаты. 1580-æм азæй у Испанийы исбон. Йæ фæзуат у 18,5 км², цæрджыты нымæц — 75 мин адæймаджы. Марокко 1956-æм азы хæдбар куы сси, уæд ын рардæуыд Танжер, Тарфаяйы сектор æмæ Ифнийы территори, фæлæ Сеутæ æмæ Мелилья Испани ныууагъта йæхицæн. Анклав Мароккойæ хицæнгонд у Сеутæйы æмбонæй.

Автономон сахар
Сеутæ
исп. Ceuta
Тырыса Герб
Тырыса Герб
35°53′12″ с. ш. 5°18′00″ з. д.HGЯO
Паддзахад Испани Испани
Админ. центр Сеутæ
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 18,5 км²
Сахатон таг CET (UTC+1, сæрды UTC+2)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 ES-CE
Телефонон код 856 æмæ 956
Посты индекст 51000–51999
Автомобилон код CE
Официалон сайт(исп.)
Сеутæ картæйыл
Сеутæ картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цæрджытæ æмæ æвзæгтæ ивын

Сеутæйы ныртæккæ цæры 75276 адæймаджы. Испайнæгтæй уæлдай сахары ма цæрынц, араббаг, китайаг, индиаг æмæ дзуттаг уидæгтæ кæмæн ис, ахæм адæм.

Анклавы официалон æвзаг у испайнаг. Амы магрибæгтæм (магрибаг араббæгтæм) ма парахат у араббаг æвзаг.

Фиппаинæгтæ ивын