Сих Мансур, æцæг ном у Ушурма (райгуырдис Алдыйы хъæуы — амардис 1794-æм азы 13 апрелы) — у æфсæддон, XVIII æнусы кæроны Цæгат-Скæсæн Кавказы хохæгты разамонæг, 1785-æм — 1791-æм азты Кавказы хæсты зынгæдæр архайджытæй иу, цæцæны адæмон хъайтар.

Сих Мансур
цæц. Мансур
Цæгат Кавказы имам
17851791
Райгуырдис 1762 июнь
Амардис 1794-æм азы 13 апрелы(1794-04-13) (31 азы)
Дин пысылмон дин
Хуындад æфсадфæтæг[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Райгуырд 1765-æм азы[1] (иннæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ — 1760-æм азы[2]) Алдыйы хъæуы, Цæцæны. Йæ царды тыххæй бæлвырд æвдисæйнæгтæ ныры онг бæрæг не сты. Уыди цæцæйнаг, йæ мыггаг уыди Елистанжхойы тейпæй. Мансуры фыд Шаабаз уыди Елистанжийы хъæуæй. Цасдæр рæстæг йæ бинонтæ цардысты Хаттунийы хъæуы, стæй æрцардысты Алдыйы хъæуы æмæ Ушурма уым райгуырдис.

Йæ æрыгоны бонты-иу дагъистайнаг моллойы разамындæй Мансур ахуыр кодта Хъуыран. Таурæгътæм гæсгæ, ахуыры рæстæг-иу æм хъуыстис хохæгты баиу кæнынмæ сидæг æнахуыр хъæлæстæ.

Сихы хæцæнты хабæрттæ ивын

XVIII æнусы кæрон Ушурма цæцæйнæгты æхсæн райдыдта амонын йæхи пысылмон ахуырад. Уый сæм сидтис Уæрæсейы империимæ ныхмæ хæстмæ. Булкъон Де Пиерийы разамындæй Мансуры æрцахсынмæ æрвыст æфсадыл (2000 адæймаджы) Алдыйы хъæуы фалдзус (1785-æм азы 6 июлы) фæуæлахиз сты Мансуры хæстонтæ. Уыцы хæстæмбæлд Де Пиерийы æрбамардтой. Уацайрæгты æхсæн разынди, фæстæдæр 1812-æм азы Фыдыбæстæйы хæсты хъайтар чи ссис, уыцы адъютант Багратион.

Йæ архайды нысæнттæ ивын

Йæ архайды сæйраг нысаныл Мансур нымадта цагъайрад, æлдæрттæ æмæ тугисыны æгъдауимæ тох кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, цæцæн хъуамæ сæхи æгъдæутты бæсты райсой шариаты пысылмон æгъдæуттæ.

Уацар æмæ мæлæт ивын

1791-æм азы 22 июны, Уæрæсейы æфсадæй Анапæйы ныббырсты рæстæг, Мансур фæцæф и æмæ бахаудис уацары. Амардис Шлиссельбурджы гæнахы, ахæсты дзы уæвгæйæ. Иннæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæзиан Соловецкий (Соловкиты) моладзандоны 1794-æм азы 13 апрелы.

Йæ равзæрды тыххæй фæрссаг верси ивын

Мансуры равзæрды иу версимæ гæсгæ уый уыдис цæцæйнаг нæ, фæлæ италиаг авантюрист Жан-Батист Боэтти.

Фиппаинæгтæ ивын

Æрвитæнтæ ивын