Убыхаг æвзаг (a-twaxə, twaχəbza) у, абхаз-адыгаг бинонтæм чи хауы, ахæм мыггагыскъуыд æвзаг. Убыхагау дзырдтой убыхæгтæ, фæстаг убыхагау дзурæг адæймаг Тевфик Есенч фæзиан Турчы 1992-æм азы.

Убыхаг æвзаг
Хином twaχəbza
Бæстæтæ Убыхи
Æдæппæт дзурджыты нымæц мард æвзаг
Сыскъуыди 1992
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Кавказаг мыггаг

Абхазаг-адыгъейаг æвзæгтæ
Фыссынад кириллон алфавит æмæ латинаг алфавит[d]
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2 uby
ISO 639-3 uby
WALS uby
Atlas of the World’s Languages in Danger 1062 æмæ 644
Ethnologue uby
IETF uby
Glottolog ubyk1235

Убыхаг æвзагыл чи дзырдта, уыцы адæмы цæрыны сæрысуангон зонæ уыди Кавказы сауденджызон былтæ.

1860-æм азты, Кавказы хæсты фæстæ убыхæгты фылдæр хай Уæрæсейы хицауадæй æрцыдысты æрвыст Туркмæ; Кавказы чи баззади, уыдон та батадысты уыцы регионы æндæр бынæттон адæмты ’хсæн.

Убыхаг æвзаг хъуыстгонд у йæ уникалон фонетикæйæ — ис дзы 84 æмхъæлæсоны (уыдонæй цыппар мыры æмбæлынц æрмæст æрбайсгæ дзырдты) æмæ дыууæ хъæлæсон мыры (дæргъвæтин «а» æмæ цыбыр «а»).

     Адыгаг дæлкъорд      Абхазаг-абазаг дæлкъорд      Убыхаг дæлкъорд