Урс денджыз (уырыс. Белое море) у Уæрæсейы мидæггаг денджыз, йæ былтыл сты Мурмансчы облæст, Архангельсчы облæст, Ненны автономон зылд æмæ Карелийы Республикæ. Хауы Цæгат Ихджын фурды скондмæ.

Урс денджыз
уырыс. Белое море, карел. Vienanmeri, нен. Сэрако ямʼ
Характеристикæ
Фæзуат90 800 км²
Гуырахст4400 км³
Стырдæр арф343 м
Астæуккаг арф67 м
Ран
65°48′ с. ш. 39°00′ в. д.HGЯO
Цæгат-Ныгуылæн федералон зылд
Урс денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Денджызы ис зындгонд архипелаг — Соловецы сакъадæхтæ.

Туркаг адæм «Урс денджыз» (Ak deniz) хонынц Зæххастæуы денджыз, фæлæ, Уæрæсейы цæгаты цы Урс денджыз и, уый дæр хонынц «урс» — фæлæ æндæр дзырдæй: Beyazdeniz.