Уырызмæг (дыгуронау Уорæзмæг, Урузмæг) у нарты кадджыты хъайтары ном, Æхсæртæг æмæ Дзерассæйы фырт, Хæмыцы фаззон æфсымæр. Елдайы стæй Сатанайы лæг.

Уырызмæг
дыгур. Уорæзмæг, Урузмæг
Æрд нæлгоймаг
Династи Æхсæртæггатæ
Фыд Æхсæртæг
Мад Дзерассæ
Æфсымæр Хæмыц
Хо Сатана
Ус Елда, Сатана
Сывæллæттæ Адухæ, Айсана, Уырызмæджы æнæном лæппу

Уырызмæг — уынаффæйы лæг, мыггагон æгъдæуттæ уый хъахъхъæны.

Мæнæ куыд аргъ кæны Нигер Уырызмæгæн: «Нарты цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ, Нарты ’хсæн фæлмæн, фæлмаст лæг. Ничи дзы фехъусдзæн зыст ныхас, тызмæг дзырд, сонт дзырд: бирæ чи фæхатт, æнæсгæрст къуым кæмæн нал баззад, уыцы заманы дунейы, ахæм фенæг лæг; йæ зонд Нарты адæмæн хæлæг чи нæ кæны, Нарт Нарт уой, дæлдæр макæмæй уой тыхæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, кадæй дæр æмæ радæй дæр, зæгъгæ, ууыл лæуд чи у; Нарты адæм кæмæ хъусынц — нæлгоймагæй, сылгоймагæй, стырæй, чысылæй, кад кæмæн кæнынц, æгъдау кæмæн дæттынц, ахæм зæронд лæг; хъуыддагыл лæмбынæг чи ахъуыды кæны, сайд кæуыл нæ цæуы, Нартмæ худинаг чи нæ уадзы йæ зонды фæрцы, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы Уырызмæг; йæ кæрдзындæттоны тыххæй æрдхæрæнæн чи баззад, Нарты кæрæдзимæ æнгом кæныны хъуыддаг йæ зонд æмæ йæ туджы арф бынат кæмæн ахсы, бинонты рæвдауæг, бинонтæм фæлмæн ныхасгæнæг чи у, уыцы Уырызмæг; Нарты знæгты ныхмæ фидарæй чи хæцы, Нарты адæмы разæй йæхи уды кой, йæхи бинонты кой чи нæ кæны, уыцы Уырызмæг»[1].

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.