Финнаг адæмы нæмттæ сæ структурæмæ гæсгæ æндæр европæйаг адæмты нæмтты системæты æнгæс сты. Финнаг номы ис гоймагон ном æмæ мыггагон ном. Гоймаджы ном фыссынц разæй. Хауæны формæты тасындзæг кæнынц æрмæст мыггагон нæмттæ, гоймагон ном баззайы номон хауæны: Toivo Lehtinen (Тойво Лехтинен) — Тоіvо Lehtiselle (Тойво Лехтиненæн) æмæ афтæ дарддæр.

Цавд хауы дзырды фыццаг уæнгмæ.

Ном ивын

Финнаг нæмтты ’хсæн ис æппæтевропæйаг нæмттæ: Maria, Helena, Antero — Андрей, Matti — Матвей æмæ æндæр ахæмтæ. Ис финнаг лексикæйы ист нæмттæ дæр: Arvo «цыт», Marja «гагадыргъ», Urho «хъæбатыр». Иуæй-иу нæмттæ сты мифологийæ ист: Ilmari, Kalevi, Tapio.

Иуæй-иу сывæллæттæн дæттынц дыууæ-æртæ номы.

1970-тæм азтæй Финляндийы чи царди æмæ цæры, уыдоны ’хсæн популярондæр уыдысты мæнæ ахæм нæмттæ[1][2]:

Лæджы нæмттæ Чырыстон сыгъдæг Хæсджыты нымæц Сылгоймаджы нæмттæ Чырыстон сыгъдæг Хæсджыты нымæц
Juhani Сыгъдæг Иоанн 332172 Maria Мады Майрæм 355087
Johannes Сыгъдæг Иоанн 236343 Helena Сыгъдæг Еленæ 166254
Olavi Сыгъдæг Олаф 217861 Anneli Сыгъдæг Аннæ 143411
Antero Сыгъдæг Андрей 180783 Johanna Сыгъдæг Иоанн 142891
Tapani Сыгъдæг Стефан 152220 Kaarina Сыгъдæг Катаринæ 129888
Kalevi нæй 141428 Marjatta Мады Майрæм 122602
Tapio нæй 134185 Anna Сыгъдæг Аннæ 111180
Matti Сыгъдæг Матвей 126720 Liisa Сыгъдæг Елизаветæ 100555
Ilmari нæй 109727 Annikki Сыгъдæг Аннæ 96836
Mikael Архангел Михаил 109315 Hannele нæй 91516

Мыггаджы ном ивын

Финнаг адæмы мыггагон нæмттæ фыссын байдыдтой æрмæст XIX æнусы кæрон, уый тыххæй æмæ уый агъоммæ хъалон истой хъæуæй — паддзахады хъуыдысты æрмæстдæр хъæуты бæлвырд нæмттæ.

Нæмтты тыххæй закъон йæ тыхы бацыдис æрмæст 1921-æм азы, Финлянди хæдбар паддзахад куы уыди, уæд. Алы финнаджы уæд бахъуыдис йæ бынæттон сауджынмæ æрбацæуын æмæ йæхицæн мыггаг райсын. Уый тыххæй бирæ финнаг нæмттæ сты ардзы темæйыл: æппæты халиугонд у Виртанен (virta «цæугæдоны цыд») æмæ Ниеминен (niemi «æрдæгсакъадах»).

Финнаг уæздæттæн уыдис шведаг равзæрды мыггæгтæ, уыдонæй бирæтæ сæхицæн райстой финнаг нæмттæ. Афтæ нывгæнæг Axel Gallen сси Аксели Галлен-Каллелæ, поэт Einar Lönnbohm сси Эйно Лейно, Финляндийы æвдæм президент Юхо Паасикиви раздæр уыд Johan Hellsten.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Nimipalvelu. Архивгонд æрцыдис 27 сентябры 2007 азы. Väestörekisterikeskus. Retrieved 3-11-2008. (финн.)
  2. Suomalaisten nimien alkuperä Архивгонд æрцыдис 11 мартъийы 2017 азы.. The equivalent names of the saints are taken from the list in this source. Retrieved 3-11-2008. Juhani (финн.)

Ссылки ивын