Фыццæгæм май кæнæ Фæллойгæнджыты дунеон æмзæрдæдзинады бон, нырыккон Уæрæсейы зонгæ дæр куыд Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон у æхсæнадæмон социалистон бæрæгбон.

Фыццагæм май кæм бæрæг кæнынцы, уыцы бæстæтæ æвдыст сты цъæх хуызæй

Бæрæгбоны равзæрд ивын

1886-æм азы 1 майы Чикагойы кусджытæ расидтысты куыстурæд 15-сахатон кусгæ боны ныхмæ æмæ æрдомдтой фабрикæты хицæуттæй 8-сахатон кусгæ бонмæ рахизын. Демонстрацитæ уагъд цыдысты цыппар боны дæргъы. Уый фæстиуæгæн ахст æрцыдысты æмæ стæрхон кодтой сæдæгай митинггæнджытыл, амардтой 6 кусæджы æмæ цæфтæ та фесты 50.

1889-æм азы 2-æм Интернационалы 1-æм Конгресс Парижы рахаста уынаффæ, цæмæй фыццæгæм май нымад æрцæуа æппæт бæстæты пролетариты æмзæрдæдзинады дунеон бонæй æмæ 8-сахатон кусгæ боны тохы дунеон бонæй.