Хъайтмазты Аслæмырзæ

Хъайтмазты Бечмырзæйы фырт Аслæмырзæ (райгуырдис 1866-æм азы Уæллаг Зæрæмæджы — амардис 1925-æм азы Дзæуджыхъæуы) у ирон фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг.

Хъайтмазты Аслæмырзæ
Райгуырды датæ 1866
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1925-æм азы 25 январы(1925-01-25)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

Хъайтмазты Аслæмырзæ райгуырдис 1866-æм азы Уæллаг Зæрæмæджы. Гуры каст фæцис ахуыргæнджыты семинар æмæ педагогон куыст кодта Фæскавказы, Кæсæджы, стæй йæ райгуырæн хъæуы, Армавиры, Лабæйы æмæ æндæр рæтты. Лабæйы кусгæйæ хорз базонгæ Къостаимæ, уыд йе сиахс: йæ хо Олгъайы лæг. Фæлæ Олгъаимæ сæ цард нæ ацыд, æмæ фæстагмæ ахицæн сты.

Æмбырд кодта Нарты кадджытæ æмæ Даредзанты таурæгътæ, аргъæуттæ, таурæгътæ.

Октябры революцийы фæстæ Аслæмырзæ кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы ахуыры хайады.[1]

Литературæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.