Цагъатæ (уырыс. Цагаевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Цагъатæ, Гæмаонтæ æмæ Хъæлицтæ рацыдысты Куырттатæй. Уым сæ къухæй зиан æрцыд æмæ сæ сыстын кодтой. Хъæуæй хъæумæ хæтгæ цыдысты æмæ афтæмæй Задæлескмæ æрхæццæ сты. Сæ иуæн уыд ус — Лæууонты чызг. Уымæн йæ лæг Самур хуынд. Зæнæг сын нæ уыд æмæ Самур Стыр Дыгуры Хуадонты чызджы æрхаста. Райгуырд сын дыууæ фырты: Бидзо æмæ Гæуис.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Таурæгъ ныффыста Цагъаты А., Куырттаты, 1966 азы. Таурæгъ ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, п. 144, д. 394.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 180.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 140.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 135.