Цоритæ (уырыс. Цориевы, тур. Karaaslan, Şahingöz, Yıldız[1]) — сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цориты мыггаг равзæрд Цорæты мыггагæй. Цардысты Гæлиаты (Цирохсы), Уæллагкомы зылды. Уым чызджытæй чидæр йæ мыггаг Цорæты бæсты схуыдта Цоритæй.

Цориты мыггагыл ма ис æндæр таурæгъ дæр. Кетыхъæуы цæрджытæй туджджын чи уыд, уыдон се ‘цæг мыггæгтæ нæ хъæр кодтой æмæ сæ сыхæгтæ æмæ хъæуы цæрджытæ схуыдтой æндæр, æрымысгæ нæмттæй, хуыдтой сæ Цоритæй.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.