Ӕ (гыццылæй: ӕ) у кириллицæйы дамгъæ. Пайда дзы кæны æрмæст ирон æвзаг, æмæ дзы нысан кæны гоммæ æввахс раззаг æнæтымбылгонд хъæлæсон /æ/. Ирон алфавиты у дыккаг дамгъæ æмæ ис А æмæ Б-йы æхсæн.

Кириллаг Ӕ-йæ XIX æнусы райдианы фыццаг спайда кодта Андреас Шёгрен. Йæ равзæрæн уыд латинаг Æ, кæцы йæхæдæг равзæрд латинаг A æмæ E-йы лигатурæйæ.

Кодтæ ивын

Уникоды номыртæ:

Дамгъæ Уникод
Ӕ U+04D4
ӕ U+04D5

Кæс ноджы ивын