Æнæхин? Тынг æнæхин

«Æнæхин? Тынг æнæхин» (уырыс. Наивно? Очень) — проект социалон амалхъомады фадыджы, уæрæсейаг сæрмагонд компани, кæцы архайы сувенирон æмæ фæлындæн æмæ къухæйконд дзаумæттæ уæйы куыстыл. Уыдон аразынц уæззау психикон низтæй рынчынтæ. Бындур æвæрд йын æрцыд 2011-æм азы Мæскуыйы зындгонд актрисæ Нелли Уваровайæ. Кусгæ та дзы кодтой Мæскуыйы технологон колледжы «Особые мастерские» кæй хонынц, уыдоны ахуырдзаутæ æмæ рауагъдонтæ.

Æнæхин? Тынг æнæхин
Тип сæрмагонд компани[d]
Бындурæвæрд 2011
Бындурæвæрджытæ Нелли Уварова[d]
Ран
Къабаз розницæйы базарад[d]
Сайт naivno.com

Истори

ивын

Компани фæзынд 21-æм Мæскуыйы технологон колледжы бындурыл. Уым социалон адаптацийы æмæ профессионалон цæттæкæныны центры куыстой «Особые мастерские» кæй хонынц, уыдон. Уым ахуыр кодтой уæззау психикон низтимæ адæм. 2010-æм азы сæрды зындгонд актриса Нелли Уварова Уæрæсейы академион фæсивæдон театры иннæ актертимæ æвæрдимæ ралæууыд уыцы ахуырдоны равдыст-армукъайы. Уæд Нелли Уварова æрхъуыды кодта баххуыс кæнын ахуырдзаутæн – скодта сæрмагонд онлайн-дукани, цы дзаумæттæ кæнынц, уыдон уæй кæнынæн:

  «Мах райдыдтам адæмы хонын армукъатæм, цæмæй æлхæнджытæ фæфылдæр уой, уымæн æмæ æфтиагæй колледж æлхæны хардзон æрмæджытæ. Фæлæ армукъа цыд æрмæст афæдз дыууæ хатты æмæ уыцы æххуыс фаг нæ кодта. Уæд сфæнд кодтам саразын Интернет-Дукани»[1].  

Афтæмæй, 2011-æм азы регистрацигонд уыд Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Æнæхин? Тынг æнæхин», уыймæ Уваровайæн административон фарстаты æххуыс чи кодта, Елена Вахрушева сси æхсæнады директор. Сæ дыууæйæн рауад срæвдз кæнын продукцийы рауагъд. Куыстуаты клиенттæ, мæскуыйаг дуканитæй дарддæр, систы Иркутскы, Челябинскы, Тюмены, Хъазаны æмæ Бетъырбухы дуканитæ. Фæнд кодтой байгом кæнын сæргай уæйы хи дукани. Уымæн сайт Planeta.ru-йы райдыдтой æмбырд кæнын æхца, фæлæ амалиуæгдары сæмбырд кодтой 377 мин сомы, хъæугæ та цæ кодта 500 мин сомы[2].

2014-æм азы компани рамбылдта регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн»-ы æппæтуæрæсеон конкурс социалон амалиуæгдарты ‘хсæн. Æртæ азмæ цын радих кодтой æнæпроцентон æфстау 4 милуаны æмæ 136 мин сомы. Уыцы аз компанийы конд дзаумæттæ уæй кæнын райдыдтой «Лукоил»-ы бензинкæнæн станцæты. Уый уыд Вагит Алекперовы конд хæрзгæнæг программæ «Больше, чем покупка»[3][4].

Арæх проекты акциты алы хуызы архайдтой Уæрæсейы академион фæсивæдон театры кусджытæ æмæ иннæ разагъдномтæ: поэт Евгений Клюев, режиссертæ Юрий Грымов, Карбаускис Миндаугас, Алексей Бородин, нывгæнæг Вероника Павленко, актертæ Виктор Добронравов, Григорий Антипенко, актриса Вера Зотова, Чулпан Хаматова, Лиза Арзамасова, Елена Ксенофонтова, Алена Бабенко, Елизавета Боярская, Ольга Ломоносова, Юлия Такшина, хотæ Анна æмæ Надежда Михалковтæ, уацхæссæг Светлана Сорокина, телевиденийы кусджытæ Иван Ургант, Татьяна Лазарева æмæ æндæртæ[5][6][7][8][9][10][11].

Архайд

ивын

Проект аразы иугырон каналтæ хæлиу кæй кæнынц, уыцы продукцийæн, зæгъæм, керамикон, текстилон, мыхуырон æмæ хæддæснион армадзты куыстытæн. Компанийы сæйраг базайрæгтæ сты мигæнæнтæ, нывгонд æнæхин айвады стилы рынчын адæмæй: кæнынц алыхуызон тæбæгътæ, вазæтæ, керамикон æмæ авгæй сайсымæнтæ, машинæтæн сайсымæнтæ æмæ къофийы кружкæтæ. Ассортименты ма ис алыхуызон постертæ, посты къамтæ, магнитиктæ нывтимæ, футболкæтæ, хызынтæ, дзæнгæрджытæ, кæлмæрзæнтæ, смартфонтæн агъудтæ, хъæдын æмæ алыгæй конд чындзытæ. Арæх саразынц равдыстытæ, презентацитæ, армукъатæ. Уым куыстуаты кусджытæн вæййы гæнæн равдисын сæ нывтæ, алыхуызон арт-объекттæ кæй фæнды, уыдонæн. Фæнды ма цæ Мæскуыйы саразын хыз цалдæр армыдзæй[12].

Компанийы сæйраг нысан уыййас нæу æфтиаг исын, цас уæззау психикон низтæй рынчын чи у, уыдоны реабилитаци, социалон адаптации æмæ цын куыст ссарын. Æппæт куыст кæнынц инвалидтæ: аутизмæй, олигофренийæ, Дауны синдромæй, шизофренийæ æмæ æндæр низтæй рынчынтæ. Алы кусæг мæй исы мызд (15 мин сомы 2014-æм азы бæрæггæнæнтæм)[13].

  Нæ бæстæйы ис закъон, кæцымæ гæсгæ уыцы фæсивæдæн ахуыры фæстæ ис бацæуын куыстуатмæ. Фæлæ хъуыддагыл та афтæ анцон нæу. Раст у, се хсæн ис тынг курдиатджын, фæлæ уыдоны хъæуы æрбаласын, аласын, сæ бынаты сæ разы хъуамае уа ахуыргæнæг, уымæн æмæ уыдон фæллайгæ тагъддæр кæнынц, æмæ сæ бон нæу æдзух иу куыст кæнын, æнæниз адымы хуызæн. Рынчын адæмæн арæх хъæуы ивын сæ куысты хуыз. Стæй, цас курдиатджын дæр у адæймаг, уыййас æнæ æмуаг дæр дардзæн йæхи. Уый тыххæй куыстуæтты сæ бон нæу иннæтимæ кусын æмрæнхъ. Афтæмæй, ацы фæсивæд колледж куы фæвæййынц, уæд никæй фæхъæуынц, уыцы бæстыхæйтты сæхицæн гом кæнынц æрмадзтæ, кæцыты фæнд кæнынц скæнын рауагъдонтæн кусæн бынæттæ.  

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ольга Бигильдинская. Вещи, созданные в абсолютном позитиве. РАМТограф. Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  2. Елена Сахарова. Нелли Уварова: «Мы мечтаем очень смело». Московские новости (4 декабры 2013). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  3. Аня Чесова. На московских заправках появились товары социальных предпринимателей. The Village (31 январы 2014). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  4. Ольга Тимофеева. В нашей взрослой-тире-взрослой жизни // Эксперт. — 2014. — № 26. — С. 68.
  5. Участники проекта «Наивно? Очень» устроят аукцион. Театрал (4 мартъийы 2014). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  6. «Люди, которые занимаются искусством, все особые». Презентация проекта «Наивно? Очень» на Маленькой сцене РАМТа. РАМТограф (2012). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  7. Наивно? Очень. Planeta.ru. Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  8. Артём Ефимов. Проект «Наивно? Очень» собирает деньги на открытие благотворительного магазина. The Village (20 мартъийы 2013). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  9. Лидия Глазко. Красиво. Наивно? Очень(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Московские новости (20 мартъийы 2013). Датæ: 2015-æм азы 3 майы. Архив 2014-æм азы 20 октябры.
  10. Елена Барышева. Нелли Уварова: «Называть благотворительные фонды своим именем — опасная история». Московские новости (22 мартъийы 2012). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  11. Наталья Чернова. Вечер в компании наивных гениев. Новая газета (10 декабры 2014). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  12. Валерия Гречина. Наивно? Очень! В Москве открылась выставка искусства особых людей. Милосердие.ru (10 мартъийы 2014). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
  13. О благотворительном проекте «Наивно? Очень». Маяк. Датæ: 2015-æм азы 3 майы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)