Æрдæгпрезидентон системæ
Æрдæгпрезидентон системæ кæнæ хæццæ республикæ у хицауады системæ, кæм президент æмæ хицауады сæрдар дыууæдæр лæмбынæг къухдариуæг кæнынц паддзахадæн. Уый хицæн кæны парламентон системæйæ, кæм закъондæттæг тыхтæ æндавынц æххæстгæнæг тыхтыл, æмæ президентон системæйæ, кæм президент у паддзахады сæргълæууæг æмæ хицауады сæрдар дæр.