Æхсæвидар
Æхсæвидар – фыдбылызхæссæг æхсæвдзу барæджы тар æндæрджы хуызы, хатгай та хæйрæг (хæйрæджытæн сæ тæккæ тæссагдæр æмæ фыдзæрдæдæр).
Адæймаг æй йæ фыны куы фена, уæлдайдæр та йæм хъалæй куы фæзына, уæд, ирон уырнындзинадмæ гæсгæ, уыцы лæг, уæззау низæй бирæ фæсæйыны фæстæ, амæлдзæн. Цæмæй уыцы фыдбылыз ма ’рцæуа, уый тыххæй «æххуысагур» цыдысты хъæуы дæснытæм, кæцытæ бæрæг магион архайды руаджы фæлвæрдтой Æхсæвидары «ных фæлæууын».
Литературæ
ивын- Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.