ÆхсæртæгÆртæ Нартæй иуы – æхсарджын æмæ зонынджын мыггаг Æхсæртæггаты фыдæл, нарты хистæр Уæрхæджы фырт, Æхсары халдих фаззон, йæ кæстæр.

Æхсæртæг
Æрд нæлгоймаг
Фыд Уæрхæг
Мад Сайнæгон
Æфсымæр Æхсар
Ус Дзерассæ
Сывæллæттæ Уырызмæг, Хæмыц

Æхсæртæг нарты кадджытæм гæсгæ ивын

Æхсар райгуырд фыццаг кæркуасæны, Æхсæртæг та – дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй – Донбеттыры, нартæй та – Борæйы æмæ æндæрты. Дыууæ фаззоныл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон. Æхсар æмæ Æхсæртæг та сыл уымæн сæвæрдта, æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр – Æхсарæй æхсарджындæр.

Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та – уыдисн. Сарæзтой сæхицæн фаттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой – æрмийæ-иу æй æрæппæрстой. Айхъуыст дунейыл, зæгъгæ, нарты Уæрхæгæн рахъомыл хъæбатыр фырттæ. Уыдон-иу æхсæв нарты цæхæрадоны иумæ хъахъхъæдтой æвæджиау фæткъуы бæласы иунæг сыгъзæрин фæткъуы, адæмæн æлутон хос чи уыд æмæ бахъахъхъæнын кæй нæ фæрæзтой, уый. Æфсымæртæ йæ хъахъхъæнгæ та хъуамæ кодтаиккой радыгай. Æмбисæхсæвмæ – Æхсæртæг, уырдыгæй бонмæ – Æхсар. Фæлæ Æхсæртæг йе 'фсымæрæн фæтæригъæд кодта æмæ бонмæ дæр хъахъхъæнæг йæхæдæг ныллæууыд.

Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ æрбатахт æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе 'рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ æвиппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бадт æртæ æхсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы æртæхтæ æркалдысты зæхмæ. Æхсæртæг сæ æрбамбырд кодта æмæ сæ зæлдаг кæлмæрзæны батыхта. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста. Куыддæр сбон, афтæ Æхсæртæг Æхсары райхъал кодта æмæ араст сты тугвæдыл, æмæ сæ уый бакодта денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызт. Æхсæртæг загъта:

 

Æз цæуын денджызы бынмæ, – Ды ам денджызы был æнхъæлмæ кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх – мæнæй дын пайда нал ис, кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс.

 

Æхсар баззад денджызы был. Æхсæртæг та йæ дзаумæттæ æрбатымбыл кодта, æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ. Æхсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ – æргъæу, йæ бын – цъæх авг, йæ сæр – сæууон стъалы. Ам йæ цæф маргъ разынд авд æфсымæры æмæ дыууæ хойы хо Дзерассæ. Дзерассæ уыд мæлæтдзаг цæф. Йæ хос ма уыдысты йæ туджы æртæхтæ. Уыдон ыл куы бафу кæнай, уæд фервæзтаид, кæннод ын фервæзæн нал уыд. Æхсæртæг ыл сæ бафу кодта, æмæ Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестад. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Æхсæртæг æмæ Донбеттыры чызг Дзерассæйæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой. Уым бонтæ æмæ къуыритæ фæцардысты, стæй ныллæууыдысты цæуыныл.

Æхсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды был тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе ’фсымæрмæ. Уæд иубон кæсы æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Æхсар, ме ’фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхинымæр афæнд кодта: «Цон æмæ цуаны ауайон, кæд исты амарин йе ссыдмæ». Æхсæртæг æмæ Дзерассæ денджызы былмæ куы ссæуынц, уæд Æхсæртæг та Æхсары агурæг ацæуы. Дыууæ æфсымæры нæма фембæлдысты, афтæ та фæхицæн вæййынц. Уалынмæ Æхсар йæхæдæг æрцыд. Дзерассæ йæ йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæн риу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ кæцы у, уый, Хуыцау æмæ Зæххы йеддæмæ. Ус лæппумæ йæхи ласын байдыдта, фæлæ йæм Æхсар йе ’ргом нæ лæвæрдта. Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Æхсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ, цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта. Ус фæмæсты ис, фестади æмæ бустæгондæй хицæнæй сбадтис. Уæд уалынмæ Æхсæртæг æрхæццæ ис æмæ саджы мард æрхаста æд къала бæлас. Æмæ Дзерассæйы æнкъардæй, бустæгондæй бадгæ куы федта, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, – афтæ ’нхъæл уыдис, æмæ йын Æхсар батых кодта. Æмæ хъама фелвæста æмæ йе 'фсымæр Æхсары ныццавта æмæ йæ амардта. Уæд ын ус радзырдта, куыд уыдис, уый. Æхсæртæг фæсмоны бацыдис, ме ’фсымæры æнаххосæй амардтон, зæгъгæ, æмæ йæ хъама фелвæста, йæ фистон ын Æхсары риумæ сарæзта, йæ фындз та йæхи зæрдæмæ æмæ йыл йæхи æруагъта, æмæ хъама йæ зæрдæйы сфардæг ис, æмæ фæмард ис. Фæстæдæр Дзерассæйæн Æхсæртæгæй райгуырд дыууæ фаззоны – Уырызмæг æмæ Хæмыц.

Литературæ ивын

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.