Авестæ
«Аве́стæ» (перс. اوستا, астæуперсайнаг æвзагыл Abastāg — «кодекс, уагæвæрд», рагперсайнаг æвзагыл Upastāka) у рагирайнаг дины литературон æвдисæйнаг (цыртдзæвæн). У, зороастризмыл хæст чи уыди, уыцы рагон мидянæгтæ æмæ персайнæгты, стæй ныртæккæйы парсæгтæ æмæ гебрæгты сæйраг табуйаг чиныг. Тæккæ нымаддæр версимæ гæсгæ Авестæ ныффыстæуыд нæ эрæйы агъоммæ I миназоны. Чиныджы текст кодификацигонд æрцыд Сасанидты заман (нæ эрæйы III—VII æнустæ).
Иу таурæгъмæ гæсгæ Авестæйы текст фесæфта Александр Македойнаг, фæстæдæр та йæ зороастриаг дзуарылæгтæ, куыд æй бахъуыды кодтой, афтæ ногæй сарæзтой.
Къухфысты истори
ивынXVIII æнусы æмбисы францаг ахуыргонд Анкетиль Дюперрон (1731–1805) араст ис Индимæ, цыран 1755–1761-æм азты ныффыста æмæ ратæлмац кодта, зороастриаг дзуарылæгтæй иу йын кæй радзырдта (комуннæйы фæндоны сæрты ахизгæйæ), Авестæйы уыцы текст. Уымæн ма йæ къухы бафтыд иуæй-иу къухфыстытæ. Ахуыргонд сæ Европæмæ фæстæмæ цæугæйæ раласта йемæ æмæ францагмæ тæлмацæй ныммыхуыр кодта хи комментаритимæ.
Авестæ уырыссаг æвзагмæ фыццаг хатт ратæлмац кодта Каэтан Коссович 1861-æм азы.