Нэнси Набиль Аджрам (арабб. نانسي نبيل عجرم‎‎‎; латинаг ныффыст у Nancy Ajram; райгуырди 1983-æм азы 16-æм майы сахар Бейруты) — у ливайнаг зарæггæнæг, зары араббаг æвзагыл.

Нэнси Аджрам
арабб. نانسي عجرم‎‎
Иумæйаг информаци
Гуырæн ном арабб. نانسي نبيل عجرم‎‎‎
Райгуырды датæ 1983-æм азы 16 майы(1983-05-16)[1] (41 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ актрисæ, зарæггæнæг
Сфæлдыстады азтæ 1998
Жанртæ поп-музыкæ[d], поп-фолк[d] æмæ араббаг поп-музыкæ[d]
Лейблтæ EMI[d] æмæ In2Musica[d]
nancyajram.com(араб.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

У тынг популярон араббæгты ’хсæн (ныридæгæн ауæй чынди 30 милуан къопийæ фылдæр), стæй æндæр регионты (арæх æй хонынц Æввахс Скæсæны зарæггæнджытæй тæккæ зындгондæр). У алыхуызон конкурстæ æмæ хорзæхты лауреат. Æнæуый дæр у бынæттон базары Coca-Cola-йы «Компанийы цæсгом».

Йæ музыкæйы миниуджытæ сты рог электрон аранжировкæтæ кæнæ лирикон мотивтæ араббаг традицион инструменттæй спайда. Уагъд цæуынц видеоклиптæ, кæцытæ уайтагъд бахауынц алыхуызон араббаг музыкалон телеуынæн каналтæм.

2008-æм азы октябры смой кодта 34-аздзыд ливайнаг стоматологмæ.

Дискографи

ивын
  • محتجال — Mihtagalak — «Хъæуыс мæ» (1998)
  • شيل عيونك عني — Sheel Oyoonak Anni — «Ма мæм кæс» (2001)
  • يا سلام — Ya Salam — «Куыд хорз у» (2003)
  • آه و نص — Ah W Noss — «О, афтæ» (2004)
  • يا طبطب … ودلع — Ya Tabtab…Wa Dallaa — «Кæд аххосджын дæн» (2006)
  • شخبط شخابيط — Shakhbat Shakhabit — «Мах ныв кæнæм» (2007)
  • بتفَكّر في إيه؟ — Betfakkar Fi Eih? — «Цæуыл мæт кæныс?» (2008)

Альбом Shakhbat Shakhabit æмæ йæ видеоклипты сери сæрмагондæй конд сты сывæллæттæн.

Æрвитæнтæ

ивын
  1. Nancy Ajram // Babesdirectory — 2020.