Адырхаты Светланæ

Адырхаты Дзантемыры чызг Светланæ (райгуырдис 1938-æм азы 12 майы Хуымæллæджы) у зындгонд уæрæсейæг æмæ советон балеткафæг, балетмейстер, хореограф æмæ педагог. У ССРЦ-йы адæмон артист (1984) æмæ фыццаг ирон балеткафæг сылгоймаг.

Адырхаты Светланæ
Райгуырды датæ 1938-æм азы 12 майы(1938-05-12)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2023-æм азы 27 августы(2023-08-27) (85 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз балеринæ, балетмейстер
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден орден «Кады Нысан» медаль ордена «За заслуги перед Отечеством» II степени медаль «В ознаменование 100-летия со дня рождения Владимира Ильича Ленина»
Советон Цæдисы адæмон артист УСФСР-ы адæмон артист УСФСР-ы сгуыхт артист
орден «Слава Осетии» «Ирыстоны Намысæн» майдан Кады Нысан орден Дружбы

Цардафыст

ивын

Адырхаты Светланæ райгуырдис 1938-æм азы 12 майы Хуымæллæджы хъæуы.

1946-æм азы, национ къорды уæнг уæвгæйæ, ахуырмæ бацыд Ленинграды хореографион ахуырдонмæ (абон у А. Я. Вагановайы номыл Уырыссаг балеты академи). Ахуыр кодта Варвара Мей (кæстæр кълæстæ) æмæ Елена Шипинæйы кълæстæм гæсгæ.

1955-æм азы каст куы фæци, уæд бацыд Челябинскы оперæ æмæ балеты театры труппæмæ. 1958-1960 азты кафта Одессæйы оперæ æмæ балеты театры. 1960-æм азы ралæууыд Мæскуыйы сценæйыл, Цæгат Ирыстоны АССР-ы литературæ æмæ аивады декæдæйы рæстæджы. Уый фæстæ йæ фæхуыдтой Стыр театрмæ, балет «Доныхъазты цад»-ы Одетта-Одиллийы парти хъазынмæ.

Уыдис Стыр театры солист 1988-æм азы онг. Архайдта Асаф Мессереры къласы. Позæ кодта йæ ахуыры чиныг «Классикон кафты уроктæ»-æн къамтæ исынмæ.

Театралон аивады институты балетмейстерон хайадмæ куы бацыд, уæд 1978-1981 азты амыдта дзы классикон кафты методикæ дæр. Диплом райста 1980-æм азы. 1991-1996 азты йæ лæг, кафæг Алексей Закалинскиимæ иумæ, саразта йæхи труппæ «Адырхаты Светланæйы балеты театр», æмæ йæ аивадон разæмонаг уыд. 1995-2001 азты классикон кафт амыдта Наталья Нестеровайы Ног гуманитарон университеты Хореографицы академийы.

1997 азæй у хореографион аивады архайджыты ассоциацийы сæрдар.

2001-æм азы Стыр театрмæ раздæхт, педагог-репетиторæй. Куыста дзы бирæ зындгонд артисттимæ, се ’хсæн Аннæ Антоничева, Екатеринæ Крысанова, Евгения Образцова, Анастасия Сташкевич, Анастасия Яценко, Анастасия Горячева, Мария Семеняченко æмæ æндæртæ.

2013-æм азæй у Стыр театры Балетон труппæйы аивадон ныхасы уæнг.

2001-æм азы Адырхаты Светланæйы ном радтой Дзæуджыхъæуы балетон скъола-студимæ.

2013-æм азы 27 октябры, 75 азы йын кæй сæххæст, уый номæн Стыр театры сценæйыл гала-концерт сæххæстæуыд.

Бинонтæ

ивын

Адырхаты Светланæ моймæдзыд уыд кафæг, балетмейстер æмæ педагог Алексей Закалинскиймæ (1941-2009). 1969-æм азы цын чызг райгуырд, Фатимæ.

Хуындад æмæ хорзæхтæ

ивын
  • I Æппæтцæдисон зæлвидыцон театр, ансамбль æмæ хорты (зæрджыты къордты) фестивалы преми
  • Цæгат Ирыстоны АССР-ы сгуыхт артист (1960)
  • Цæгат Ирыстоны АССР-ы адæмон артист (1963)
  • УСФСР-ы сгуыхт артист (1974)
  • УСФСР-ы адæмон артист (1984)
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист (2008)
  • Фæллойгæнджыты Сырх Тырысайы орден (1976)
  • Орден «Кады нысан» (1960)
  • Орден «Ирыстоны кадæн» (2013)
  • Орден «Кады нысан» (Хуссар Ирыстон) (2013)
  • Хæлардзинады орден (Хуссар Ирыстон) (2018)
  • II къæпхæны Орден «Фыдыбæстæйы раз сгуыхдзинæдты тыххæй»-йы майдан (2014)
  • Майдан «Кадджын фæллойы тыххæй. 100 азы Ленины райгуырды фæстæ номæн»
  • Майдан «Ирыстоны Намысæн»