Айзæлд FM
«Айзæлд FM» у Цхинвалы хæдбар æнæкоммерцион радиостанцæ. Йæ куыст райдыдта 2005 азы 10 ноябры.
Радиостанцæ йæ сæйраг хæс уыны уæвæг информацион вакуум баххæст кæныны, республикæ Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цæуы, уыдон рæстæгыл æмæ объективонæй æвдисыны. Эфирон рæстæджы фылдæр хай æвдисдзысты, уырыссаг, фæсарæйнаг æмæ национ эстрадæйы хуыздæр репертуарæй арæзт чи æрцæуа, ахæм музыкалон æмæ хиирхæфсæн программæтæ. Редакцийы планты сты æрвылбонон ног хабæрттæ, ахсджиаг репортажтæ æмæ аналитикон программæтæ цæттæ кæнын æмæ сæ эфирмæ дæттын.
Радиостанцæ йæ куыст кæны æнæхъæн суткæйы дæргъы 107,4 FM тагъдады.
«Айзæлд FM» республикæйы æдде зындгонд сси 2006-æм азы, Гуырдзыстоны сæрмагонд службæтæ йæ алæвæрдтæ эфиры-иу ахуыссын кæнын куы райдыдтой, уæд[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Газета.Ру: Грузия глушит Южную Осетию (уырыс.)