Айламæ (гуырдз. აილამა) у Стыр хохы æхсæйнаг хайы цы хæххон цъупп ис, уый. Æвæрд у Хохы Балхъары районы, Гуырдзыстоны регион Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сарийы æмæ Уæрæсейы арæныл[2], цъити Дыхсуйы сæрмæ уæлæмæ фæцыд.

Айламæ
гуырдз. აილამა
Айламæ
Кæм ис Уæрæсе
Хохы системæ Кавказ
Рагъ Стыр хох
Цъуппы бæрзæнд 4546 м [1]
Фыццаг сцыд 1889-æм аз, Херман Вуллей
Айламæ (Кæсæг-Балхъар)
Айламæ

Хохы абсолютон бæрзæнд нымадæуы 4546 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр.

Йæ дæлвæхстæ сты альпиаг æмæ субальпиаг хизæнтæ, уæлвæхстæ та фылдæр сты цъитиджын ландшафттæй арæзт[3].

Хохы хуссайраг фарсыл æрбынат кодта альпинистон лагер, йæ ном у цъуппимæ иумæйгаг — «Айламæ»[3].

Айламæйы бæрзондмæ фыццаг хатт схыздæуыд 1889-æм азы, уыцы хъуыддаг сæххæст кодта альпинист Херман Вуллей.

Этимологи ивын

Йæ ном равзæрд балхъайраг дзырд «айламак»-æй — «дарддæр æгæндæг», кæнæ «дарддæр цыд нæй», зæгъгæ. Дыккаг вариант — балхъайраг «айланама» — «гакъонджын». Бынæттон нымадæй йæ нæмтты æмтгæйон нысаниуæг у — «æвзæр хизæнджын хох».

Литературæ ивын

  • Наумов А. Ф. Центральный Кавказ. — Москва: «Физкультура и спорт», 1967.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Картæйы сыф K-38-27 Уæллаг Балхъар. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1984-æм азы. Рауагъд 1988-æм азы.
  2. Ailama Peakbagger - Ailama, Georgia/Russia (англ.)
  3. 3,0 3,1 Ailama. Peakware – World Mountain Encyclopedia