Айнаг æвзаг
Айнаг æвзаг у айнаг адæмы æвзаг, дзурынц ыл япойнаг сакъадах Хоккайдойы. Дзурджыты нымæц бирæ нæу: 1-3 мины бæрц. Кæддæр Японы хицауад тынг архайдта айнаг æвзаг фесафыныл. Фæстаг азты дæргъы та энтузиасттæ архайын райдыдтой айнаг æвзаг бахъахъхъæныныл. Æдæппæт Японы цæрынц 150-200 мин айнаджы, æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай нал зонынц сæ мадæлон æвзаг.
Айнаг æвзаг | |
---|---|
Хином |
[ai̯nu itak̚] アイヌ イタㇰ Aynu itak |
Бæстæтæ | Япон |
Официалон статус | Хоккайдо |
Дзурджыты нымæц | 2 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Ахибаргонд æвзæгтæ | |
Фыссынад | айнаг фыссынад[d] æмæ латинаг алфавит[d] |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | ain |
ISO 639-3 | ain |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 475 |
Ethnologue | ain |
Linguasphere | 45-B |
LINGUIST List | ain |
ELCat | 1212 |
IETF | ain |
Glottolog | ainu1252 |
Æвзаджы ном айнагау у アイヌ イタㇰ (иронау уаид /Айну итак/); япойнагау та: アイヌ語.
Фыссынад
ивынАйнаг адæм се ’взагыл фыссынц дыууæ хуызы: япойнаг фыссынад катаканæйæ æмæ латинаг алфавитæй дæр. Газет «Айну таймс» мыхуыр кæны æрмæджытæ, цы хуызы йæм сæ барвитынц, уыцы фыссынадæй.
Фонологи
ивынХъæлæсонтæ сты 5:
i u e o a
Æмхъæлæсонтæ та фылдæр:
p t k ʔ (хъæлæсы урæд) s h c (иуæй-иу хатт хъуысы куыд [ʧ], [ʦ], [ʤ], [ʣ]) w y ([j]) m n r
Айнаг æвзаджы нæй æмхъæлæсонты къордтæ.
Æддаг æрмæг
ивын- Хъуыдыйæдтæ айнагау Архивгонд æрцыдис 16 октябры 2005 азы. (англ.)
- Айнаг дзырдтæ (яп.)