Алайнаг Мария
Алайнаг Мария (гуырдз. მართა, гр. Μαρία η Αλανή) — Багратидты мыггагæй, уыдис Византияйы империйы ус-паддзах куыд фæд-фæдыл дыууæ византиаг паддзахы ус. Мария цардис Константинополы 1071-æм азæй 1081-æм азмæ, æмæ уыдис хъомысджын ус-паддзах.
Алайнаг Мария | |
---|---|
1071 — 1081 | |
Раздæр чи уыд | Евдокия Макремволитисса[d] |
Фæстæдæр | Ирина Дукиня[d] |
Райгуырдис |
≈ 1050[1] |
Амардис |
не ранее 1103 |
Гуырæн ном | гуырдз. მარიამი |
Фыд | Баграт IV[d][2] |
Мад | Боренæ |
Æмкъай | Михаил VII Дука[d] æмæ Никифор III Вотаниат[d] |
Сывæллæттæ | Константин Дука[d] |
Викикъæбицы медиа |
Мария уыдис Гуырдзыстоны паддзах Баграт IV йæ алайнаг ус Боренæйы чызг, аланты паддзах Дургулелы чызджы чызг. Йæ мады хуызæн византиæгтæ йæ хуыдтой Алайнаг (гр. η Αλανή) кæнæ Аланыстоны (гр. της Αλανίας).
Мария æрбацыдис императорты кæртмæ 1056-æм азы, сывæллон ма куы уыдис, уæд. Дæс азы фæстæ Марияйы усæн радтой императоры бындар Михаилæн. Чындз фæсарæнтæй кæй у, уый нымад уыдис хорзыл, уый тыххæй æмæ йын бирæ хъомысджын хæстæджытæ бæстæйы мидæг нæ уыдис[3].
Михаил хицауиуæг кодта 1071–78 азты, цалынмæ йæ раппæрстой тронæй, уæдмæ. Йæ бæсты император чи ссис, уыцы Никифор, цæмæй йæ троны сбадтыл хуыздæр бындур уа, куырдта Марияйы йæхицæн усæн. Уый сразы, æрмæст йæ фыццаг мойы фырт Константин Дука троны бындар куы расидтысты, уæд.
Алайнаг Мария йе ’мдугонты ’хсæн уыдис зындгонд рæсугъд æмæ зондджын сылгоймагæй. Аннæ Комнина уый тыххæй фыста, афтæ хæрзконд æмæ хæдæгъдау, дам, уыд, цыма Уарзондзинад йæхæдæг адæймаджы хуыз райста æмæ ссыдис зæххон дунемæ, зæгъгæ[4]. Баззадысты Марияйы фыстæджытæ зындгонд теолог æмæ философ, Охриды архиепископ Теофилактмæ.
Йæ фæстаг бонтæ æрвыста, Чысыл Азийы цæгат-скæсæны моладзандоны, Гуырдзыстоны арæнтæм хæстæг.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Lundy D. R. The Peerage (англ.)
- ↑ Lundy D. R. The Peerage (англ.)
- ↑ Lynda Garland (2006), Byzantine Women: Varieties of Experience, 800–1200. Ф. 101.
- ↑ «Алексиадæ»-йæ. // Вера Мутафчиева. Аз, Анна Комнина. Пловдив: Жанет 45, 2008. с. 55 – 56.
Литературæ
ивын- Lynda Garland, Byzantine Empresses: Women and Power in Byzantium AD 527–1204, first edition (1999), Routledge, ISBN 0-415-14688-7, pages 180–186
- Lynda Garland (2006), Byzantine Women: Varieties of Experience, 800–1200 p. 91–124, ISBN 0-7546-5737-X