Анимизм
Анимизм – афтæ хонынц, æрдзы тыхтæ æмæ уды тыххæй цы æмбарынæдтæ ис, уыдон иумæ райсгæйæ. Уыцы æмбарынæдтæм гæсгæ сусæг тыхтæ æппæт æрдзон фæзындтæм æмæ предметтæм кæсынц удгоймаджы цæстæй; хайджын сæ кæнынц хи бархъомысæй, бæрæг миниуджытæй æмæ аф. д. Ирон адæмы анимизмон æмбарынæдтæ ирдæй æвдыст æрцыдысты сæ мифологи æмæ царды æгъдæутты. Ирон æхсæнады æмæ йæ алы уæнджы æрвылбоны цард æмæ бæрæгбæтты архайд баст уыдысты алыхуызон аудæг тыхтимæ: æххæстбарджын аудæг дзуар Уациллайæ чысыл функциджын дуаг Уаты хицауы онг.