Бетрозтæ[1] (уырыс. Бетрозовы) сты ирон мыггаг.

Бетрозтæ
Æрвадæлтæ Хидыртæ
Кæм цардысты Лезгор

Равзæрд

ивын

Хидырты æмæ Бетрозты мыггæгты равзæрды тыххæй ис дыууæ таурæгъы.

Иу таурæгъы дзырдæуы, зæгъгæ, дам, Хидиртæ æмæ Бетрозтæн сæ фыдæл уыд гуырдзиаг кънйаз Хидирашвилийы фырт Хидир. Сæ фыд куы амард, уæд æфсымæртæ кæрæдзимæ фæтуджджын сты, сæ фыды цæрæнбынæттæ ныууагътой æмæ фæлыгъдысты фæйнæрдæм. Хидир слыгъдис Дыгургоммæ æмæ æрцард Лезгоры хъæуы.

Дыккаг таурæгъмæ гæсгæ та, Хидиртæ æмæ Бетрозты фыдæл уыд алайнаг. Йæ ус уыд Годзойты чызг, цардысты Лезгоры хъæуы. Уыд сын фырт Хаджи. Хаджи ракуырдта Муриты чызг Фаризæты, райгуырд сын æртæ фырты: Хидир, Бетроз æмæ Тайса. Хидир æрхаста ус — Тетцойты Госæганы, фæлæ тагъд амард халерæйæ. Йæ ус йæхи бар нæ уыд, ацыд йæ цæгатмæ. Уым ын райгуырд фырт, сæвæрдтой йыл йæ фыды ном — Хидир. Куы бахъомыл, уæд фæстæмæ Лезгоры хъæумæ слыгъд, Бетроз та æд бинонтæ Лезгорæй фæлыгъд быдырмæ æмæ æрцард Кеты хъæуы, фæстæдæр ма сæ чидæртæ фæстæмæ Лезгормæ слыгъдысты.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.