Библи
Библи (Сыгъдæг Фыст) (гр. βιβλία) у чырыстонады сыгъдæг текстты æмбырдгонд. Библи у дыууæ хайæй арæзт: Рагон Фæдзæхстæй æмæ Ног Фæдзæхстæй. Евангели у Ног Фæдзæхсты хай.
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/f/f6/Bibel-1.jpg/150px-Bibel-1.jpg)
Ирон тæлмацтæ
ивынБиблийы чингуыты иуæй-иу тæлмацтæ ирон æвзагыл уагъд цыдысты 1848-æм азæй[1]. Ног Фæдзæхсты фыццаг æххæст тæлмац рухс федта 1993-æм азы.
Библийы æппæт текст ирон æвзагмæ раивтой æрмæстдæр Иегъовæйы æвдисæнтæ[2]. Фæлæ, чырыстон еклезитæй сæ фылдæр цы Библийы текстæй пайда кæнынц, уыимæ æмхуызон нæу.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Евангелiе иронау (1902-æм азы рауагъд) æмæ йæ тæлмац кæныны истори
- ↑ «Библи – Ног дунейы тæлмац» Архивгонд æрцыдис 23 ноябры 2011 азы. Иегъовæйы æвдисæнты сайты