Васко да Гама
Ва́ско да Га́ма (порт. Vasco da Gama; райгуырдис 1460 кæнæ 1469-æм азы — амардис 1524-æм азы 24 декабры) у португайлаг денджыздзог Стыр географион ссардты дуджы. Историйы фыццаг хатт Европæйæ Индимæ цы экспедици аленк кодта, уыйы раздзог, Португалийы Индийы 6-æм губернатор æмæ Индийы 2-аг вице-къарол (1524 азы), Видигейрæйы фыццаг граф.
Васко да Гама | |
---|---|
порт. Vasco da Gama | |
Райгуырды датæ | 1469 кæнæ ≈ 1460[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1524-æм азы 24 декабры |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | бæлццон-иртасæг, зæххыалварс балцыты хайадисæг, денджыздзау, æфсæддон-денджызон афицер |
Фыд | Эштеван да Гама[d] |
Мад | Izabel Sodre[d][3] |
Æмкъай | Catarina de Ataíde[d] |
Сывæллæттæ | Estêvão da Gama[d] æмæ Криштован да Гама[d] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Васко да Гама райгуырдис 1460-æм азы (æндæр версимæ гæсгæ та 1469 азы) алкайды бинонты сахар Синишы, португайлаг хотыхдар Эстеван да Гама (1430-1497) æмæ Изабель Содрейæ. Васко уыди фондз фыртæн се ’ртыккаг (куыд хистæрæй): Паулу да Гама, уый дæр фæстæдæр Васкоимæ ленкбалцы ацыд Индимæ, Жуан Содре (йæ мады мыггаг райста), Васко йæхæдæг, Педро æмæ ма Эйрес да Гама. Ноджы ма Эстеван æмæ Изабелæн уыди иунæг чызг — Терезæ да Гама.
Да Гаматы мыггаг кæд паддзахады номдзыддæр нæ уыд, уæддæр уыди зæронд æмæ цытджыныл нымад, уымæн æмæ сæ иу фыдæл, Алвару Анниш да Гама, Реконкистæйы афон лæггад кодта къарол Афонсу III-мæ, æмæ мавырты ныхмæ хæсты йæхи иттæг кæй равдыста, уый охыл ын хотыхдары ном лæвæрд æрцыди.
Æрыгон азтæ
ивын1480-ты Васко да Гама æд æфсымæртæ хыгъдæвæрд баисты Сантьягойы Орденмæ. Португайлаг историктæ куыд хъуыды кæнынц, уымæ гæсгæ математикæ, навигаци æмæ астрономийы ахуыр Васко райста Эворæйы. Гæнæн ис æмæ й' ахуыргæнджытæй уыдаит Аврам Закуто дæр. Йе ’рыгон æзтæй фæстæмæ Васко денджыз-тохты дæр иста хайад. 1492 францаг корсартæ куы бацахстой Гвинеййæ Португалимæ цæуæг португайлаг каравеллæ сызгъæринæй дзаг, уæд ын къарол бафæдзæхста францаг донвæрсты ацæуын æмæ цын цыдæриддæр наутæ ссара, уыдон бацахсын. æрыгон Васко йæ хъуыддаг замманайы тагъд æмæ эффектгъæдæй скодта, æмæ ма уый фæстæ Францаг къаролæн дæр æндæр цы баззадаит каравеллæ фæстæмæ раздахынæй дарддæр. Гъеуæд фыццаг хатт айхъуысти Васко да Гамайы ном.
Экспедицимæ бацæттæ
ивынЭкспедици уыди лæмбынæг цæттæ. Уымæн сæрмагондæй, нырма къарол Жуан II æгас куы уыди, уыдысты амад цыппар науы, фæлтæрд фурддзог Бартоломеу Диасæй къухдариуаггæнгæ, кæмæн уый размæ уыдысты сгарст Африкæйыуылтыл цæуæнтæ æмæ йæ хорз зытта цыформæ арызт хъуамæ уой наутæ, цæмæй уыцы дæтты балцæн фæбæззой. "Сан-Габриел" (флагман-нау) æмæ "Сан-Рафаел", кæцыйæ командæ кодта Васкойы æфсымæр Паулу. Ацы дыууæ уыдысты егъау æртæнаухъилон наутæ, сæ донахст 120-150 тоннæйы, цыппаркъуымон пæлæзтимæ, ноджы рæвдзой каравеллæ "Берриу" зул-пæлæзтимæ (йæ капитан — Николау Коэльо) æмæ цыппæрæм та — транспортон нау, хæлц æмæ дзаумæттæ ласынæн, йæ капитан Гонсалу Нуниш. Экспедицийы къухы уыдысты хуыздæр картæтæ æмæ навигацион гæрзтæ. Сæйраг штурмæнæй æвæрд æрцыд зындгонд наудзог Перу Аленкер, раздæр ма Диасимæ Хорз Ныфсы сынæгмæ ленкбалцыты цыди.
Ленкбалцы ацыдысты канд наудзгтæ нæ, фæлæ ма сауджын, писыр, астроном æмæ араббаг æмæ экваторон Африкæйы бынæттон æвзæгтæ зонæг, ахæмтæй цалдæр тæлмацгæнæджы. Экипажы бæрц уыди иу-150 адæймаджы, 10 дзы уыдысты тæрхонгонд фыдгæнджытæ, кæдонæй-иу хъуамæ спайда кодтаиккой æппæты тæссагдæр хъуыддæгты.
Ленкад бирæ мæйтæ кæй хъуамæ ахастаид, уый банымайгæ, науы трюмтæ тыхнад ныккодтой нуазæн дон æмæ алыхузон провизийæ. Дард ленкгæнæг наудзогтæн уыди стандартон рацион сæ рæстæгмæ гæсгæ: бындурон дзы уыдысты дзулы хус къæбæртæ æмæ тымбылхъæдур, кæнæ та чечевицæйæ кас. Афтæ ма сæ алкæмæдæр æмбæлди фæйнæ ’рдæгджиранка цæхвыдæй (кæцы-иу мархойы бæтты ивд цыди кæсагæй), доны 1,25 литры æмæ сæны дыууæ кружкæйы, иу-цъус дзмари æмæ оливæйы зети. Стæм хатт-иу цын, хæрд фендæрхуызоны охыл, лæвæрд цыдысты хъæдындз, нуры, цыхт æмæ хус чылауитæ.
Къазнайæ цы ’мбæлди, уымæй уæлдай ма алы наудзогмæ хауди мызд ленкады алы мæйæн фæйнæ 5 крузадойы, ноджы ма æфтиагæй цыдæр хай. Афицертæ æмæ штурмантæ, кæй зæгъын æй хъæуы, истой бирæ фылдæр.
Португайлæгтæ фыр серйозæй бацыдысты экипажы ифтонгады фарстамæ дæр. Флотилийы наудзогтæм уыди алыхуызон кардхуыз мигæнæнтæ, рæхойæнтæ, алебардæтæ, арбалеттæ, бахъаккæнынмæ дардтой сæракæй риуæмбæрзæнтæ, афицертæм æмæ салдатты иу хаймæ та уыдис згъæр-кирасæтæ. Армдаргæ ’хсæн мигæнæнты кой дзы никæцæй райхъуысь, фæлæ уæззау артиллерийæ уыдысты хæрзифтонг: æгæр-мæгуыр ма къаннæг "Берриуыл" уыди 12 сармадзаны, "Сан-Габриел" æмæ "Сан-Рафаел" та ластой фæйнæ 20.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ http://www.bbc.co.uk/history/historic_figures/da_gama_vasco.shtml
- ↑ LIBRIS — Национальная библиотека Швеции, 2012.
- ↑ Pas L. v. Genealogics (англ.) — 2003.