Венесуэлæйы революцион змæлд Æрттивгæ фæндаг
Венесуэлæйы революцион змæлд Æрттивгæ фæндаг (исп. Movimiento Revolucionario Sendero Luminoso Venezuela) у, боливаристон-геваристон здæхт кæмæн ис, Венесуэлæйы ахæм галиурадикалон партизанон организаци. Фæзындис 2005 азы августы.
Ном æмæ тырыса
ивынАцы партийы ном райстæуыд Перуйы Коммунистон партийæ — Абимаэль Гусман бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы маоистон партизанон организаци дæр хæссы ахæм ном — Æрттивгæ фæндаг. Ацы термин фыццаг хатт фæзындис Хосе Карлос Мариатегæйы куысты.
Партийы тырысайыл копрадзцъæх хуыз амоны сæрибардзинад, бур — адæмы хæзнатæ. Ацы хуызтæ тырысайыл дихгонд сты латинаг дамгъæ V-йæ (амæй райдайынц дзырдтæ Victoria-Уæлахиз æмæ Venezuela-Венесуэлæ). Дыууæ винтовкæйæн ис символон нысаниуæг — адæмты ссæрибары идеалтыл гæрзифтонг тох боливаризм æмæ геваризмы фæрцы.
Равзæрд
ивынПартийы равзæрдæн уыдис объективон аххосæгтæ: фыдракæндты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта, наркобазарады рапарахат, æмæ штат Карабобойы разамынд се 'ргом кæй не здæхта уыцы проблемæтæм, стæй цалдæр туристы амарыны цаутæ. Ацы хъуыддæгтæ расайдтой хихъахъхъæныны отряды сарæзт Пуэрто-Кабельойы сахары. Отряды скондмæ бацыдысты, боливаристон æмæ геваристон цæстæнгастæ кæмæн уыдис æмæ 18 азæй фылдæр кæуыл цыдис, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ.