Википеди:Бæстæйы тыххæй фыссыны разамынд

Ацы разамынд Википедийы фæтк нæу!

Ай у бæстæты тыххæй фыссыны разамынд. Ам ис фыст бæстæйы уац куыд амад хъуамæ уа æмæ йæ хæйтты цы фыст хъуамæ уа, уый тыххæй.

Амад ивын

Бæстæйы уац хъæуы амайын ахæм хæйттæй:

  1. Разныхас (Разныхасы хъуамæ уа дзырд цæуыл цæуы, уый бæрæггæнæн æмæ чысыл афæлгæст)
  2. Этимологи (Бæстæйы номы равзæрды тыххæй)
  3. Истори
  4. Географи
  5. Политикæ
  6. Экономикæ
  7. Демографи
  8. Культурæ

Хæйттæ ивын

Разныхас ивын

Разныхас у амад æртæ хаййæ: бæрæггæнæн, историон афæлгæст æмæ нырыккон уавæры афæлгæстæй.

Бæрæггæнæны хъуамæ уа:

  • Цы у. (Республикæ, паддзахад, конституцион паддзахад...)
  • Кæм ис. (Европæйы цæгаты, Африкæйы хуссары...)
  • Кæд федераци у, уæд цавæр хæйттæй арæзт у.
  • Сæйраг сахар, æмæ, кæд ахсджиаг у, уæд стырдæр сахар дæр.
  • Кæййас зæхх ахсы.
  • Цал адæймаджы дзы цæры.
  • Цыбырдзырдæй, цы бынат ахсы зæххы, кæнæ та йæ регионы. Цæмæй уæлдай кæны.

Историон афæлгæст хъуамæ уа бæстæйы историйы тынг уæлæнгай радзырд. Хъуамæ дзы уа дыууæ хайы: бындур æмæ бæстæйы истори. Бындуры хъуамæ уа уый, æнæ цæмæй бæстæ дæр йæ ныры уагы нæ фæзындаит. Зæгъæм, ирон адæм Фæскавказы куыннæ рцардаиккой, уæд цын уым автономи дæр нæ радтаиккой, æмæ Хуссар Ирыстон дæр нæ фæзындаит. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны историон афæлгæсты бындур у ирон адæмы уæлæнгай истори, Фæскавказимæ баст. Бæстæйы историйы хъуамæ уой тынг ахсджиаг цаутæ.

Къахдзæфтæ ивын

Ам амынд цæудзæн куыд хъæуы ныффыссын разныхас. Амынд цæудзæн къахдзæфтимæ, алыхуызон бæстæты дæнцæгыл.

Бæрæггæнæн ивын

Разныхасы фыццаг хай у бæрæггæнæн.

  1. Фыццаг ныффыссæм цы у ацы бæстæ.

    Хуссар Ирыстон у æрдæгпрезидентон республикæ.

  2. Кæд ацы бæстæйæн ис æндæр нæмттæ, уæд уыцы нæмттæ дæр къæлæтты ныффыссæм. Зæгъæм Хуссар Ирыстоны æндæр нæмттæ сты Республикæ Хссар Ирыстон æмæ Хуссар Ир.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ.

  3. Дарддæр хъæуы ныффыссын цы ран ис бæстæ. Уымæн ис барæ гæнæн æмæ у фыссæджы фæндонæй. Нæ бон у фыццаг хъуыдиады цыбырæй ныффыссын кæм ис. Уый хъуамæ уа ахæм бæрæггæнæн, кæцы глобусмæ иу бакастæй бæрæг уа. Зæгъæм Кавказы, Европæйы цæгаты, Африкайы цæгаты æмæ æнд.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у Кавказы мидæг æрдæгпрезидентон республикæ.

    Уый фæстæ цыбырæй бафыссæм Кавказы цы зæххытæ ахсы, уый.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у Кавказы мидæг æрдæгпрезидентон республикæ. Ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай.

    Æндæр хуызæн уый нæ бон у ныффыссын афтæ.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай.

    Уый еддæмæ ма хорз уаит бафыссын цы бæстæтимæ æндзæвы.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Цæгаты æндзæвы Уæрæсеимæ, иннæрдæмты та Гуырдзыстонимæ.

  4. Дарддæр хъæуы ныффыссын йæ сæйраг сахар цы у, æмæ, кæд ахсджиаг у, уæд йæ стырдæр сахар дæр.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Цæгаты æндзæвы Уæрæсеимæ, иннæрдæмты та Гуырдзыстонимæ. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Чъреба.

  5. Зæххы фæзуат хъæуы равдисын афтæ, цæмæй бæрæг уа бирæ у æви цъус.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Цæгаты æндзæвы Уæрæсеимæ, иннæрдæмты та Гуырдзыстонимæ. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Чъреба. Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу.

  6. Цæрджыты нымæц дæр афтæ.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Цæгаты æндзæвы Уæрæсеимæ, иннæрдæмты та Гуырдзыстонимæ. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Чъреба. Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу. 50 мин цæрæгимæ хауы æппæты æдзæрæгдæр бæстæтæм.

  7. Бæрæггæнæны фæстаг хъуыдиады хъуамæ уа фыст бæстæ гас зæххы, кæнæ йæ регионы цы бынат ахсы. Зæгъæм, Уæрæсе у дунейы тыхджындæр æмæ бонджындæр паддзахаддæй иу. Кæнæ, Герман у Европæйы æппæты сæйрагдæр экономикон æмæ политикон тых.

    Хуссар Ирыстон (йæ оффициалон ном у Республикæ Хуссар Ирыстон, æндæр арæх ном у Хуссар Ир) у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Цæгаты æндзæвы Уæрæсеимæ, иннæрдæмты та Гуырдзыстонимæ. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Чъреба. Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу. 50 мин цæрæгимæ хауы æппæты æдзæрæгдæр бæстæтæм. Хуссар Ирыстон Кавказы ахсы ахсджиаг геополитикон бынат.